Болгайраг туркæгтæ
(Болгарийы туркæгтæ-æй æрвыст)
Болгайраг туркæгтæ (Болгарийы турк дæр; болг. Български турци; тур. Bulgaristan'daki Türkler [булгаристандаки тюрклер]) — Болгарийы цæрджыты дыккаг стырдæр этникон къорд болгайрæгты фæстæ. 2001-æм азы сфыстмæ гæсгæ уыдоны нымæц у 746 664 адæймаджы, ома æппæт цæрджыты 9,4%. Уырнджыты фылдæр хай — суннитаг пысылмæттæ, цалдæр хъæуы цæрджытæ сты шиитæгтæ.
Болгарийы иу облæсты — Кырджалийы — туркæгтæ кæнынц цæрджыты фылдæр хай (62 %).
Тодор Живковы æлдæриуæгкæныны рæстæг туркæгтæй бирæ ацыдысты Туркмæ; кæд уыдонæй иуæй-иутæ раздæхтысты, уæддæр ныры онг Турчы цæрынц Болгарийæ рацæугæ 326 мин туркаджы.