Кырджалийы облæст
Кы́рджалийы облæст (болг. Област Кърджали) у облæст Болгарийы хуссары. Административон центр у сахар Кырджали. Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3 216 км², ома бæстæйы территорийы 2,9 %[2].
Облæст | |
Кырджалийы облæст | |
---|---|
болг. Област Кърджали | |
41°39′00″ с. ш. 25°22′00″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Болгари |
Админ. центр | Кырджали |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрды датæ | 1999-æм азы 8 январы |
Фæзуат | 3216 км² |
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
Стырдæр сахартæ | Кырджали, Момчилград |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Код ISO 3166-2 | BG-09 |
Посты индекстæ | 6600–6999 |
Автомобилон код | К |
Официалон сайт | |
Викикъæбицы медиа |
Кырджалийы облæст æмарæн у:
- ныгуылæны — Болгарийы Смоляны облæстимæ;
- цæгат-ныгуылæны — Пловдивы облæстимæ;
- цæгат-скæсæны — Хасковойы облæстимæ;
- хуссары — Грекъимæ (паддзахадон арæны дæргъ — 90 км).
Паддзахадон арæн облæсты разтæн стыр ахъаз у арæны сæрты æмгуыстад аразынæн. Облæсты территорийыл цæудзæн Æппæтевропæйаг транспортон къæлидор №9: Хельсинки — Бетъырбух — Мæскуы — Псков — Киев — Любашевкæ — Кишинёв — Бухарест — Русе — Димитровград — Маказæ — Александруполис. Уыцы къæлидоры рацарæзт у облæсты администрацийæн хуыздæр фидæны ныфс[3].
Кырджалийы сахарæй Пловдивы аэропортмæ фæндаг у 100 км даргъ; хæстæгдæр порт, Бургасмæ, — 255 км; Грекъимæ арæныл арæнгæсты пост «Капитан Андреево»-мæ — 133 км. Ног хæстæгдæр арæнгæсты пост — Маказæ — 2011-æм азы октябрæй цæттæ у, фæлæ нæма кусы, уый тыххæй æмæ грекъаг фарсæй фæндаджы арæзтад нæмæ фæци карз кризисы аххосæй.
Облæсты ис зды æмæ цинчы æрзæт, къахынц æй. Облæсты цæрджытæ кусынц ма хъæдæрмæджы, згъæркуысты, текстилы, дарæсы, тамакойы æмæ æндæр индустриты.
Историон фенддæгтæ æмæ Скæсæйнаг Родопыты рæсугъд æрдз фæдат дæттынц туризмæн дæр. Облæсты бон у æдæппæт 900 туристты бæрц æрхонын.
Цæрджытæ
ивынОблæсты цæрджыты нымæц 2008 азы 15 июлмæ — 173 417 адæймаджы[4].
Сахар Кырджалийы йеддæмæ (50 868 цæрæджы[5]) облæсты ис æндæр цыппар сахары: Ардино (4439 цæрæджы), Джебел (3292 цæрæджы), Крумовград (5605 цæрæджы) æмæ Момчилград (9306 цæрæджы)[5]. Уыимæ ма Кырджалийы облæсты территорийыл ис 465 хъæуы[6].
Кырджалийы облæст у, туркаг адæм цæрджыты фылдæр хай кæм сты, Болгарийы иунæг ахæм территори. Бынæттон турк сты 105 мины бæрц, ома цæрджыты 63,6% (сахар Кырджалийы — 62%).
Административон æгъдауæй облæст дихгонд у авд хъæубæстæйыл:
Хъæубæстæ | Болгайрагау | Туркагау | Цæрджытæ[4] (2008) |
---|---|---|---|
Ардино | Ардино | Eğridere [ейридере] | 14 165 |
Джебел | Джебел | Cebel [джебел] | 9 100 |
Кирково | Кирково | Kırkova [кыркова] | 23 091 |
Крумовград | Крумовград | Koşukavak [кошукавак] | 20 934 |
Кырджали | Кърджали | Kırcaali [кырджаали] | 76 161 |
Момчилград | Момчилград | Mestanlı [местанлы] | 19 666 |
Черноочене | Черноочене | Karagözler [карагёзлер] | 10 300 |
Политикæ
ивынБолгайраг Адæмон æмбырды (парламенты) Кырджалийы облæсты депутаттæ сты фондз, уыдонæй алчидæр туркаг адæмыхаттæй:
- Ахмед Демир Доган
- Лютви Ахмед Местан
- Неджми Ниязи Али
- Ремзи Дурмуш Осман
- Юнал Тасим Тасим
Уыдонæй Али æмæ Доган æвзæрст сты фыццаг хатт, æндæртæ раздæры æрсидтыты дæр æвзæрст уыдысты[7].
Истори
ивынКырджалийы облæст уыд автономон Скæсæн Румелийы сконды, цалынмæ 1886-æм азы нæ бацыд Османты империйы сæйраг зæххытæм Топханейы бадзырдмæ гæсгæ. Фæстæдæр хæдбар Болгарийы паддзахад уыцы зæххытæ фæстæмæ райста XX æнусы райдиан Балканы хæстыты фæстиуæгæн.
Æддаг æрмæг
ивын- Официалон сайт (болг.),(англ.)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ https://www.nsi.bg/bg/content/2975/%D0%BD%D0%B0%D1%81%D0%B5%D0%BB%D0%B5%D0%BD%D0%B8%D0%B5-%D0%BF%D0%BE-%D0%BE%D0%B1%D0%BB%D0%B0%D1%81%D1%82%D0%B8-%D0%BE%D0%B1%D1%89%D0%B8%D0%BD%D0%B8-%D0%BC%D0%B5%D1%81%D1%82%D0%BE%D0%B6%D0%B8%D0%B2%D0%B5%D0%B5%D0%BD%D0%B5-%D0%B8-%D0%BF%D0%BE%D0%BB
- ↑ облæсты администрацийы сайт (болг.), (англ.)
- ↑ «Провеждането на ОЕТК № 9 през южната ни граница в най-голяма степен ще повлияе на регионалното развитие в Южния централен район за планиране, в т.ч. и най-вече на Област Кърджали...» (болг.)
- ↑ 4,0 4,1 Актуална таблица по постоянен и настоящ адрес към 15.07.2008 г. \\Главна Дирекция Гражданска Регистрация и Административно Обслужване (болг.)
- ↑ 5,0 5,1 Таблици на населението по постоянен... \\Главна Дирекция Гражданска Регистрация и Административно Обслужване (болг.)
- ↑ Област Кърджали \\ bg.guide-bulgaria.com (болг.), (англ.)
- ↑ Кърджали. Народни представители (болг.)