Боцитæ (уырыс. Боциевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Боцитæн сæ фыд уыд Къадз. Уымæн уыд лæппутæ: Боци, Икъо, Къадз, Гоцъа. Уыдонæй алкæй номыл дæр рацыд мыггаг. Къадз Мызуры царди. Цуанон лæг уыд, æмæ уырдыгæй, ныр Тиб кæм и, уырдæм бафтыд. Йæ дзыппы мæнæуы цалдæр гагайы уыд æмæ сæ уым байтыдта. Мæнæу диссаджы рæстмæ фæци. Уый фæдыл уырдæм алыгъдысты цыппар æфсымæрæй. Боцийæн йæ иу фырт уыд Елхъан, йе 'ннæ фырт — Къай, иннæ — Метар, аннæ та — Боци, Елхъанæн авд лæппуйы: Тапси, Дзбо, Хуызæ, Чезе, Абел, Бæтæ, Гагас. Гагасæн уыд фырт — Бæгъуый. Бæгъуыйы фырт Афæхъо, Афæхъойы фырт Иналыхъ. Стыр мыггаг нæ уыдысты, сæ иу хай бахаудта стырдæр мыггаджы дæлбар æмæ уыдоныл нымад æрцыдысты.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 359 ф.
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд