Боцуатæ (уырыс. Боцоевы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Дзанæгаты Малсæгыл сæдæ дæс азы цыд. Уый куыд радзырдта, афтæмæй Бацуатæ сты Дзанæгатæй. Тырсымæ ацы мыггагæй фыццаг чи балыгъд, уый дардта даргъ боцъо æмæ йæ адæм уымæ гæсгæ схуыдтой Боцъо, йæ фæстагæтты та — Боцуатæ. Фæстæдæр Боцуатæй иу хæдзар ралыгъд Бæрзæфцæгмæ æмæ уым куыста дзæнгæрæгдзæгъдæг-фидиуæгæй. Уæды заманы иу мыггагæн дыууæ раны зæххы хæйттæ дæттæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ бинонты хистæры Бидары номæй сæхи ныффыстой Бидартæй. Афтæ Дзæнæгатæй равзæрд дыууæ мыггаджы: Боцуатæ æмæ Бидартæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Таурæгъ ныффыста Бæциаты Агуыдз. Ныммыхуыр æй кодта йæ уац «Тырсыгом»-ы, «Рæстдзинад», 1993, № 119.

Литературæ ивын