Будтутæ
Истори
ивынМыггаджы фыдæл Будту уыд Хъарадзауты Мысырбийы фырт йæ номылусæй. Будтуты хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Мысырбийæн йæ фыццаг номылусæй Хъарадзауты хъæуы райгуырд фырт, йæ ном, дам, æндæр куыддæр уыд, фæлæ йæ Будту схуыдтой йæ уæнгты кондмæ гæсгæ. Дыккаг номылусæй та Мысырбийы фырт уыд Бырнац. Будту æмæ Бырнац кæрæдзиимæ нæ фидыдтой æмæ Будтуйы йæ мад æрыгон лæппуйæ акодта цæрынмæ Дур-Дурмæ, фæстæдæр та æрбалыгъдысты Цыколамæ. Уым Будту йæ мыггаг йæхи номыл скодта — Будтуты мыггаг. Будтуйæн Цыколайы Цæукъаты чызгæй райгуырд фондз фырты: Дзабе, Барæсбий, Минболат, Сæрæбий æмæ Сланихъо. Уыдон цæуæт æмæ цæуæты цæуæт дæр цардысты æмæ цæрынц Цыколайы, Лескены, Кæсæг-Балхъары, Дзæуджыхъæуы. Се ’ппæт дæр сты Будтутæй.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Будтути муггаги равзурди цубур истори радзурдта 19.12.1992 анзи Чиколай гъæуи цæрæг 76-анздзуд зæронд ахургæнæг Будтути Тазей фурт Сулейман.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 60.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 49–50.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 162–163.