Бур у хуызтæй иу. Спектры уылæны дæргъ у 565—590 нанометры. Хуызы координатæтæ: RGB HEX — #FFFF00.

Къаппа-къуппа
Ирон тырыса:
     урс     сырх     бур

Фæззыгон сыфтæ æмæ рæгъгъæд хор бур вæййы ксантофиллы фæрцы — уыцы буаргъæд кæрдæгхуыз хлорофиллимæ фотосинтез кæны.

Айчы бур дæр ксантофиллы бур у, стæй оранжхуыз каротиноидтæ дзы ис. Уыдон та цъитæ хоримæ бахæрынц.

Мизынцъаджы хуыз бур у пигмент билирубинæй, уый гемоглобинæй сæвзæры.

Гепатитæй чи фæрынчын, уыдоны игæры бон нал вæййы билирубин ракусын — æмæ пигмент æрæмбырд вæййы туджы. Уымæй сбур вæййынц царм æмæ цæстытæ. Уыцы симптом сафрон хонынц (уырыссагау желтуха, дзырд жёлтый-æй).