Фæззæг
Фæззæг у азы афонтæй иу, æрлæууы сæрды æмæ зымæджы ’хсæн. Фæззæг у фæлдзæуæн афон — бæрæг вæййы йæ боны рухс кæй фæцыбырдæр вæййы, æхсæв та даргъдæр æмæ температурæ дæр уазалдæр кæнын райдайы. Фæззыгон мæйтæ Цæгаты æрдæгтымбылæджы сты сентябрь, октябрь æмæ ноябрь, Хуссары æрдæгтымбылæджы та — мартъи, май æмæ апрель.