Бургасы облæст
Бургасы облæст (болг. Област Бургас) у Болгарийы Хуссар-Скæсæйнаг регионы денджызгæрон облæст, у бæстæйы тæккæ стырдæр (7 748,1 км²). Цæрынц дзы 422 458 адæймаджы.
Герб![]() | |
Паддзахад | Болгари |
Статус | Облæст |
Кæй сконды у | Хуссар-Скæсæйнаг регион |
Йæ дæлхæйттæ | 13 хъæубæстæйы |
Административон центр | Бургас |
Облӕсты разамонӕг | Константин Гребенаров |
Цæрджытæ |
422 458 (4-æм бынат) |
Æнгомад | 55,7 ад./км² |
Фæзуат | 7 748,1 км² (1-æм бынат) |
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
Автомобилон код | A |
Сайт | Официалон сайт |
![]() | |
![]() |
Скæсæны облæсты арæн у Сау денджызы былгæрон, ныгуылæны сыхаг у Сливены æмæ Ямболы облæстытæ, цæгаты — Варнæйы æмæ Шумены облæстытæ, хуссары та — Турчимæ паддзахадон арæн.
Афæдзы рæстæмбис температурæ у 13 °C.
Бургасы облæсты экономикæ размæцыдыл нымад у, уымæ хауы æппæт Болгарийы ÆМП-ы 5,22%[1]. Бургасы ис порты комплекс — уыимæ нефты æмæ кæсæгахсджыты наулæууæнтæ — уыцы портмæ ласынц бæстæйы импорт æмæ экспорты 74%[2].
Æхсæнадæмон аэропорт Бургасмæ æрбатæхынц туристтæ сæ фæллад уадзынмæ. Облæсты денджызгæрон лæууынц бирæ курорттæ, сæ фылдæр змисджын пляжтимæ. Уыдонæй тæккæ зындгонддæр у егъау комплекс Хурджын был (болг. Слънчев бряг). 2008 азы, фæллад уадзынмæ Бургасы облæстмæ чи ’рбацыдысты, ахæм уæрæсейæгты нымæцмæ 38% бафтыд; æдæппæт уыдысты 40 мин адæймаджы бæрц[3].
Облæсты экономикæйы сконды канд туризм æмæ транспорт рæзмæцыд не сты, фæлæ индустри дæр. Нефтехими æмæ нефты ракуыст индустриалон кондады ахсынц 70%. Æндæр къабæзтæ сты хæринаг æмæ сæн уадзæн индустри, текстилуафæн кондад.
Бургасы облæсты хъæубæстæтæИвын
- Айтос (хъæубæстæ)
- Бургас (хъæубæстæ)
- Камено (хъæубæстæ)
- Карнобат (хъæубæстæ)
- Малко-Тырново (хъæубæстæ)
- Несебыр (хъæубæстæ)
- Поморие (хъæубæстæ)
- Приморско (хъæубæстæ)
- Руен (хъæубæстæ)
- Созопол (хъæубæстæ)
- Средец (хъæубæстæ)
- Сунгурларе (хъæубæстæ)
- Царево (хъæубæстæ)
Æддаг æрмæгИвын
- Облæсты администраци (болг.), (англ.)
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ Икономика (болг.)
- ↑ ОБЛАСТ БУРГАС - СТАТИСТИЧЕСКИ ДАННИ
- ↑ Gazeta.bg: „Надо искать новые рынки...” (интервью с главой Бургасской туристической палаты) (уырыс.)