Варда́н Аревелци́ (сом. Վարդան Արևելցի — Стыр Варда́н; райгуырдис 1198 азмæ ’ввæхс Бардзраберды, Килики — амардис 1271-æм азы Хор Вирапы) — сомихаг историк, географ, философ, æвзагзонæг, тæлмацгæнæг, педагог æмæ æхсæнадон архайæг.

Вардан Аревелци
Райгуырды датæ 1198[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1271
Мæлæты бынат Хор Вирап
Зонады къабаз историк, географ, философ, тæлмацгæнæг
Ахуыргæнинæгтæ Геворг Скевраци, Ованес Ерзнкаци, Есаи Нчеци, Нерсес Мшеци

Биография ивын

 
Хоранашаты моладзандон

Вардан Аревелци райгуырдис Киликийы. Райдиан ахуыр райста уым, моладзандон Нор Гетикы, йæ ахуыргæнæг уыдис Мхитар Гош. Йæ ахуыр адард кодта Тавушы, Хоранашаты моладзандоны, уым йæ ахуыргæнæг уыдис Ванакан Вардалет[2], уымæй Вардан ахуыр кодта грамматикæ, чырыстон дин, чиныг аразыны хъуыддаг. Йæ мадæлон æвзаджы йеддæмæ зыдта грекъаг, сириаг, персайнаг æвзæгтæ дæр, латынь æмæ иврит. Вардалеты къапхан куы райста, уæдæй фæстæмæ архайда иртасæн куыстытыл. Вардан бындур сæвæрдта Сыгъдæг Андрейы номыл моладзандоны скъолайæн, амыдта дзы 1235—1239 æмæ 1252—1255 азты. 1239-æм бабæрæг кодта Иерусалим. Фæстæмæ куы цыдис, баззадис Киликийы, иу-цалдæр азы дзы цардис 1243-æм азы онг æмæ ссыдис Сомихмæ. Архайдта йæ дуджы уæлдæр политикæйы дæр, 1264 азы æрвыст æрцыдис Тебризмæ, фебæлди дзы мангойлаг æлдæр Хулагуимæ, ныхас цыдис Сомихы хъалон исыны тыххæй. Амардис Хор Вирапы моладзандоны, уым ныгæд æрцыдис.

Уацмыстæ ивын

 
Аравелцийы «Грамматикæйы æмбарынгæнæн», нырыккон рауагъд

Вардан Аревелци хъæздыг зонадон æмæ литературон бынтæ ныууагъта — 120 уацмысæй фылдæр. Йæ «Псалтиры æмбарынгæнæн», «Ссæдз пехуымпары æмбарынгæнæн» æмæ иннæ чингуытæ æвдисынц йæ заманы дунеæмбарынады алыхуызон аспекттæ, ис дзы сомихаг адæмы астæузаманы уæвары тыххæй хъæздыг æвдисæнтæ.

Канд йæхи чингуытæ нæ фыста, фæлæ ма тæлмац кодта æндæр æвзæгтæй: 1248 азы рухс федта Михаил Сириаджы «Хроникæ»-йы йæ тæлмац[2].

«Иумæйаг истори» ивын

 
Хор Вирапы моладзандон, ам Аревелци йе скъолайы бындур сæвæрдта æмæ ныффыста «Иумæйаг истори»

Вардан Аревелцийы сæйраг уацмысыл нымад у йæ «Иумæйаг истори», уымæй афæлвæрдта Сомихы истори æнæхъæнæй афыссын. Чиныджы ис 100 сæры æмæ разныхас. Астæузаманы иннæ ахæм чингуыты хуызæн, «Иумæйаг истори» райдайы рагон таурæгътæй, суанг ма Вавилоны мæсыг аразыны хабарæй æмæ фæвæййы 1267-æм азыл, католикос Костандин I Бардзрабердци куы амардис, ууыл. Уæлдай ахсджиагдæр сты XIII æнусы тыххæй æвдисæнтæ,[2] — автор куы цардис, уыцы рæстæг. Аревелцийы «Истори» у ахсджиаг ратæдзæн Фæскавказмæ тæтæр-мангойлаг бабырсты тыххæй[3], манголты хъалонты политикæ куыд уыдис, Хулагуидты паддзахад цы уыдис, куыд уыдысты мангойлаг-сомихаг æххæстдзинæдтæ, æппæт уыдæттыл.

Чиныг мыхуырæй рацыдис М. Эмины редакцийы 1861 азы. Уыцы иу аз Эмин бацæттæ кодта чиныгæн йæ уырыссаг тæлмац. Иуæй-иу скъуыддзæгтæ мыхуырæй цыдысты францусаг (Э. Дюлорие — 1860, И. Мюллер — 1927) æмæ туркаг æвзагыл (Г. Андреасян — 1937).

Цы ратæдзæнты бындурыл Аревелци фыста йæ истори, уыдысты сомихаг историктæ: Агатангелос, Зеноб Глак, Фавстос Бузанд, Корюн, Мовсес Хоренаци, Егише, Лазарь Парпеци, Иоанн Мамиконян, Себеос, Гевонд, Мовсес Каганкатваци, Ованес Драсханакертци, Товма Арцруни, Степанос Таронаци, Ухтанес, Матвей Эдесский, Григор Ерец, Самуел Анеци, Мхитар Анеци, Киракос Гандзакеци[4].

Уый кæны иннæ сомихаг историктæн сæ чингуыты кой дæр, фæлæ ацы чингуытæ не ссардæуыдысты нырмæ: Шапух Багратуни («Сомихы истори»), Ованес Имастасер («Турчы равзæрды истори»), Ваграм Рабуни («Тæтæры равзæрды истори»)[4].

Цы иннæ бæстæты историкты кой кæны, уыдон сты: Иосиф Флавий, Евсевий Кесарийский æмæ Сократ.

«Жхланк» ивын

Астæузаманы сомихаг филологийы историйы сæрмагонд бынат ахсы Аревелцийы «Жхланк» — энциклопедион æмбырдгонд, астæусомихаг æвзагыл фыст, кæцы æмбарын кæны алыхуызон фарстатæ цæрæгойтæ æмæ зайæгойты тыххæй, адæймаг æмæ йæ сфæлдыстадон архайды тыххæй, æвзаг æмæ фыссынады тыххæй, музыкæйы тыххæй дæр. Ацы энциклопеди фыст æрцыдис паддзах Хетум I уынаффæмæ гæсгæ. «Жхланк» уыд астæузаманы Сомихы зындгонддæр чингуытæй иу.

«Грамматикæйы æмбарынгæнæн» æмæ «Ныхасы хæйтты тыххæй» ивын

Вардан Аревелци:

«Фыццаг æнæхсæст æвзагæй фæзындысты фæлмæн бердзенаг æмæ хотыхджын ромаг, тызмæг гуннаг æмæ лæгъстæгæнæг сириаг, хъæздыг персайнаг æмæ рæсугъд алайнаг, хынджылæггæнæг готаг, арфхъæлæсон мысираг, хъæргæнæг индиаг дæр, æмæ æппæты аивдæр, æппæты адджындæр сомихаг æвзаг. Куыд алыхуызон ахорæнтæ æмæ картæ, æвзæгтæ кæрæдзийæн дæттынц рæсугъддзинад».

Аревелци у дыууæ грамматикон уацмысы автор — «Грамматикæйы æмбарынгæнæн» æмæ «Ныхасы хæйтты тыххæй». Дыууæ чиныджы дæр фыст æрцыдысты уæды хуымæтæджы æвзагыл (астæусомихаг), кæй сæрыл æдзух уыдис Вардан. «Грамматикæйы æмбарынгæнæн» фыст æрцыдис Киликийы паддзах Хетум I амындмæ гæсгæ 1244—1246 азты æмæ у Фракиаг Дионисийы «Грамматикæ»-йы сомихаг тæлмацы æбмарынгæнæн чиныг. Уацмыс «Ныхасы хæйтты тыххæй» (сом. Վասն բանին մասանց) у сомихаг æвзаджы синтаксисы тыххæй.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Վարդան Արևելցի // Հայաստանի գրադարանների համահավաք գրացուցակ
  2. 2,0 2,1 2,2 Robert W. Thomson. Vardan Arevelc'i // Christian-Muslim Relations. A Bibliographical History. (1200-1350) / Edited by David Thomas and Alex Mallett. — BRILL, 2012. — Vol. 4. — P. 443-447.
  3. Bayarsaikhan Dashdondog. The Mongols and the Armenians (1220-1335). — BRILL. — 2010. — P. 14.
  4. 4,0 4,1 Н. Эмин. Предисловие // Всеобщая история Вардана Великого. — М., 1861.

Æддаг æрмæг ивын

Литературæ ивын

  • П. П. Айнтапян. Вардан Аревелци: йæ цард æмæ архайд. 1987 (сомихаг æвзагыл)