Вахайнаг æвзаг
Вахайнаг кæнæ вахаг æвзаг (Х̌ик зик / x̌ik zik) у Памиры адæмтæй иу — вахайнæгты æвзаг. Æмбæлы Таджикистан æмæ Афгъанистаны ’хсæн арæны фæйнæфарс, цæугæдон Пянджы уæллаг кæлæны былтыл (историон провинци Ваханы территорийыл), стæй Пакистаны цæгатаг районты æмæ Скæсæн Памиры китайаг хайы (Синьцзян-Уйгуры автономон район). Æппæт дзурджыты нымæц у 50–75 мин адæймаджы (2005), уыдонæй Таджикистаны цæры 10–20 мин адæймаджы, Афгъанистаны 9–15 мины, Пакистаны — 20–30 мины, Китайы — 2–10 мины.
Вахайнаг æвзаг | |
---|---|
Хином | Х̌ик зик / x̌ik zik |
Бæстæтæ | Таджикистан, Афгъанистан, Пакистан, Китай |
Дзурджыты нымæц | 75 000 |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад | араббаг алфавит, кириллон алфавит, латинаг алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | — |
ISO 639-2 | — |
ISO 639-3 | wbl |
WALS | wak |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 1379 |
Ethnologue | wbl |
ELCat | 3155 |
IETF | wbl |
Glottolog | wakh1245 |
Вахайнаг æвзаг скæсæн-ирайнаг æвзæгты мидæг йæхæдæг аразы хицæн къорд. Ваханы фæиртасæн ис дыууæ ныхасыздæхты: уæллаг æмæ дæллаг. Китайы вахайнаг æвзагæн ис уæллаг ныхасыздæхты миниуджытæ. Пакистаны цæгаты цæрæг вахайнæгтæн ис хицæн ныхасыздæхт.
Пакистаны вахайнаг æвзагæй пайдагонд цæуы райдиан скъолайы ахуыры (латинаг алфавит). Пакистаны ма радиойæ вæййы алæвæрдтытæ вахайнаг æвзагыл.
Таджикистаны советон заман вахайнаг æвзагæн арæзт æрцыд алфавит кириллицæйы бындурыл, фæлæ практикон æгъдауæй уымæй пайдагонд нæ цæуы.
Литературæ
ивын- Lorimer D.L.R. The Wakhi Language. L., 1958;
- Пахалина Т. Н. Ваханский язык. М., 1975;
- Грюнберг А. Л., Стеблин-Каменский И. М. Языки восточного Гиндукуша. Ваханский язык. М., 1976;
- Пахалина Т. Н., Лашкарбеков Б. Б. Ваханский язык. // Языки мира. Иранские языки. Т. 3. М., 2000;
- Стеблин-Каменский И. М. Этимологический словарь ваханского языка. СПб., 1999.