Хими
Хими (арæзт цæуы бердзенаг ныхасæй Chemia) у æрдззонæны ахсджиагдæр æмæ егъаудæр къабæзтæй иу; буаргъæдтæ, се сконд, сæ миниуджытæ æмæ уыимæ ма, химион реакциты фæрцы буаргъæдтыл цы ивддзинæдтæ æрцæуы, уыдон дæр, чи иртасы, уыцы зонад. Атомтæ, химион бастдзинæдты руаджы, молекулæтæй фестынхъом кæй сты, стæй буаргъæдтæ атомтæй арæзт кæй сты, уымæ гæсгæ хими сæйрагдæр иртасы, атомтæ æмæ, атомтæй чи сæвзæрди, уыцы молекулæты æмбастдзинæдтæ, стæй сæ архайд кæрæдзиимæ.
Химион иртасæнты сæр у химион элементтæ æмæ баиугæндтæ, стæй алыхуызон химион реакциты цæуыны закъæттæ.
Химийы истори
ивынХими æвзæрын райдыдта 5000 азы размæ (æд-зонд адæймаджы дуджы). Адæймаг кæддæриддæр архайдта химион буаргъæдтимæ æмæ уымæн йæ фыццаг эксперименттæ — цæрмтæ æлдыгъ кæнын, хæринаг кæнын, арт кæнын — ис нымайæн практикон химийы райдианыл. Цадæггай практикон зонæнтæ фылдæр кодтой æмæ цивилизацийы рæзты райдианы адæймагæн йæ бон уыди иуæй-иу ахорæнтæ, эмальтæ, марг æмæ хостæ кæнын. Райдианы адæймаг пайда кодта биологон процесстæй: æнхъизын, æмбийын æмæ æндæртæй, фæлæ арт кæнын куы базыдта, уæд райдыдта пайда кæнын тайын кæныны, судзыны, æхсидыны процесстæй.
Химион дæсниæдты бындур æрæвæрдæуыди Рагон Мысыры (Египет). Згъæркуыст, керамикæ, авгкæнын, парфюмери, косметикæ — уæдыккон химийы ацы къабæзтæ, суанг нæ эрæйы агъоммæ дæр, уыдысты размæцыд. Цæвиттон, нырыккон доныстоны авджы сконд, зæгъæн ис, ницы хъауджы кæны, 6000 мин азы размæ Мысыры цы авгæй пайда кодтой, уый скондæй. Химион зонæнтæ, кæд сæ дзуарылæгтæ сусæг кодтой хи къорды мидæг, уæддæр куыддæртæй хъарыдысты æндæр бæстæтæм. Европæйæгтæм химион зонад бахауди фыццаджыдæр араббæгтæй, уыдон 711-æм азы Испани сæхи куы бакодтой, уæд. Арабб уыцы зонад хуыдтой «алхими» æмæ афтæмæй ацы ном ахæлиу Европæйы дæр.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Мысыры, суанг нæ эрæйы агъоммæ 3000-æм азы, зыдтой кæнын æрхуы æмæ йæ баиугæндтæ (æндидзынгæнæгæн, ома «восстановителæн» пайда кодтой æвзалыйæ), стæй æвзист æмæ зды. Куыдфæстæмæ Мысыр æмæ Месопотамийы рапарахат ис бронзæйы кондад, цæгатаг бæстæты та — æфсайнаджы кондад. Уыцы заманы ахуыргæндтæн æнтысти теоретикон ссарæггæгтæ дæр. Зæгъæм, Китайы, нæ эрæйы агъоммæ XXII-æм æнусæй фæстæмæ, зындгонд уыди бындурон элементты теори (дон, зынг, хъæдвыд, сызгъæрин, сыджыт). Месопотамийы та фæзынди ахæм идейæ, зæгъгæ, дуне арæзт у ныхмæлæуддзинæдтæй: зынг — дон, хъарм — уазал, хус — уымæл æмæ афтæ дарддæр.
Нæ эрæйы агъоммæ V-æм æнусы Гречъы Левкипп æмæ Демокрит рапарахат кодтой, æппæт буаргъæдтæ атомтæй арæзт сты, зæгъгæ, кæм дзырдæуы, уыцы теори. Грекъаг философтæ аналогийы хуызы æркастысты фыстыты скондмæ æмæ рахатыдтой: мæнæ ныхас дзырдтыл куыд дих кæны, дзырдтæ та дамгъæтыл, афтæ æппæт буаргъæдтæ дæр арæзт сты бæрæг баиугæндтæй (молекулæтæй), уыдон та сæхæдæг арæзт сты, диххъом чи нæу, ахæм элементтæй — атомтæй.
Нæ эрæйы агъоммæ V-æм æнусы Эмпедокл рæгъмæ рахаста ног теори. Философмæ гæсгæ бындурон элементтæ сты дон, зынг, уæлдæф æмæ сыджыт. Нæ эрæйы агъоммæ IV-æм æнусы Платон цы ахуырад рæгъмæ рахаста, уымæ гæсгæ уыцы элементтæй алкæмæн дæр уайы хицæн хуыз æмæ, элементы миниуджытæ бæрæг чи кæны, атомы ахæм сæрмагонд рæстфарс тыгъдадджын фигурæ (уырыс. правильная пространственная фигура): зынгæн уайы сырх хуыз æмæ тетраэдр, донæн — æрвцъæх хуыз æмæ икосаэдр, зæххæн — кæрдæгцъæх хуыз æмæ гексаэдр, уæлдæфæн — бур хуыз æмæ октаэдр. Платон куыд зæгъы, афтæмæй, раст уыцы «агуыридурты» комбинацитæй арæзт у æгас æрмæгон (материалон) дуне. Ацы теори йæхимæ райста æмæ дзы пайда кодта Аристотель дæр.
Алхими
ивынНæ эрæйы агъоммæ IV—III-æм æнусты Азийы равзæрди, йæ дуджы философон зонæнтæ æмæ æрмгуысты фæлтæрддзинад, стæй магион æмæ мистикон теоритæ кæм баиу сты, ахæм зонад — алхими. Ссардæуыди ахæм ног элементтæ, куыд джынасу, сондон, фосфор, сбæрæг и цæххы бирæ типтæ; уæдмæ зындгонд уыдысты туагад HNO3 æмæ щёлочь NaOH. Уыцы заманы зындгонддæр алхимиктæ уыдысты Джабир ибн Хайян (Гебер), Ибн Сина (Авиценна) æмæ Абу-ар-Рази.
Нæ эрæйы VII-æм æнусы алхими бахæццæ и Европæмæ. Уыцы заман уæлдай популярон уыдысты хъæздыгад æвдисæг дзаумæттæ (уырыс. предметы роскоши), уæлдайдæр сызгъæрин. Сæ популярондзинадæн уыдис бæлвырд аххосаг: уыдон уыдысты азиаг бæстæтимæ базар кæныны фæрæз. Алхимиктæ сæ хъус дардтой, практикон ахадындзинад кæмæн уыди, ахæм фарстатæм: сызгъæрин иннæ зъæртæй куыд самалгæнæн ис, згъæртæ куыд бакусинаг вæййынц æмæ æндæр ахæмтæм. Цадæггай араббаг алхими практикæйæ дард кодта æмæ куыдфæстагмæ раздæрау популярон нал уыди. Кæй зæгъын æй хъæуы, алхими парахат кодта тынг цадæггай. Уымæн уыди бæлвырд аххосæгтæ: кондады спецификæ, стæй зонæнтæ æрмæст фыдæй фыртмæ кæй лæвæрдтой. Европæйы зындгонддæр алхимиктыл нымад уыдысты Роджер Бэкон æмæ Раймонд Луллий. Алхимийы биноныг ивддзинæдтæ æрцыди æрмæст XVI æнусы, згъæркуыст æмæ медицинæ тынг рæзынгæнинаг кæй уыдысты, уый руаджы.
Хими куыд зонад
ивынХими куыд зонад сбæрæг ис XVI—XVII-æм æнусты, дунейы механистикон сурæтæн бындур чи æрæвæрдта, уыцы зонадон æнтыстыты руаджы. Уымæй уæлдай ма химион зонадæн ахъаз фесты индустрийы рæзт æмæ буржуазон æхсæнады фæзынд. Фæлæ уæддæр химийы фарста уыди быцæуаг: физикæйæ хъауджыдæр, хими бæрцытæй нæ уыди равдисæн æмæ уымæн-иу иуæй-иу ахуыргæндтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, хими бæрцытимæ архайæг зонад нæу, фæлæ у сгарыны (познание) æндæр хуыз. 1661-æм азы Роберт Бойль ныффыста чиныг «Химик-скептик». Ахуыргонд йæ куысты равдыста, буаргъæдты миниуджытæ, буаргъæдтæ цы хайыгтæй арæзт сты, уыдонимæ баст кæй сты. Зæгъæм, дыууæ буаргъæдæн фæйнæхуызон миниуджытæ кæй ис, уымæн аххосаг у, фæйнæхуызон хайыгтæй (корпускултæй) арæзт кæй сты. Ван Гельмонт иртаста судзыны процесс æмæ афтæмæй рабæрæг кодта, буаргъæд куы судзы, уæд йæ цур газ кæй сæвзæры. Газы æмбарынады уæлдай ма, ахуыргонд раргом кодта æвзалытуаг (углекислый) газ. 1672-æм азы Бойль раиртæста, згъæр зынджы куы фæдарай, уæд йæ массæ фылдæр кæй кæны, уый. Уыцы фæзынд афтæ бамбарын кодта, зæгъгæ, згъæр йæхимæ арты хайыгтæ исы.
Хъæрмад æмæ флогистон. Газтæ
ивынXVIII-æм æнусы райдианы Шталь радта флогистоны теорийы формулировкæ. Штальмæ гæсгæ флогистон у, æрмæг куы судзы, уæд уымæй чи фæиппæрд вæййы, уыцы буаргъæд. 1774-æм азы Пристли раргом кодта туаггуыр, Кавендиш та 1766-æм азы — донгуыр.
1770–1790-æм азты Лавуазье химион æгъдауæй раиртæста цалдæр процессы: судзын, туагкæнын (окисление) æмæ улæфын, æмæ равдыста, зынг буаргъæд кæй нæу, фæлæ у химион процессы фæстиуæг. 1799–1806-æм азты Пруст рабæрæг кодта буаргъæды сконды æнæивгæдзинад (постоянство) закъон, 1808-æм азы та Гей-Люссак раиртæста гуырахстон ахастыты закъон (Авогадройы закъон). Дальтон йæ куыст «Химион философийы ног системæ»-йы (1808–1827) бæлвырдæй равдыста, атомтæ кæй ис, æмæ бавдыста æмбарынæдтæ: атомон уæз æмæ элемент (иухуызон атомты æмдзыгуыр).
Буаргъæды атомарон теорийы реинкарнаци
ивын1811-æм азы Авогадро иу гипотезæ рæгъмæ рахаста, зæгъгæ, элементарон газты молекулæтæ дыууæ æмхуызон атомæй арæзт сты; фæстæдæр уыцы гипотезæйы бындурыл Канниццаро рацарæзта атомон-молекулярон теори.
1869-æм азы Д.И. Менделеев раиртæста Химион элементты периодон закъон æмæ саразта химион элементты периодон системæ. Ахуыргонд сбæлвырд кодта химион элементы æмбарынад æмæ равдыста, атомон массæ элементы миниджытимæ баст кæй у. Менделеев уыцы закъон рабæрæг кæнынæй бындур æрæвæрдта химийæн куыд бæрцытæ иртасæг зонадæн (количественная наука). Уый агъоммæ хими нымад уыди айдагъ афыстон æмæ хъæдиртасæг зонадыл (описательная качественная наука).
Радиоактивондзинад æмæ спектртæ
ивынБуаргъæдты сконд раиртасынæн тынг сахадыдтой XIX-æм æнусы зонадон ссардтытæй. Ахуыргæндтæ иртæстой эмиссион спектрты тæнæг структурæ æмæ ныхъуырыны спектртæ (тонкая структура эмиссионных спектров и спектры поглощения) æмæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, уæлдæрранымад спектртæ æмæ буаргъæдты атомты сконды ’хсæн ис бастдзинад. Радиоактивондзинад раргомы руаджы рабæрæг и, иуæй-иу атомтæ стабилон кæй не сты, стæй сын изотоптæ кæй ис æмæ æндæр атомтæй фестынхъом кæй сты.
Квантон хими
ивынБындурон æмбарынæдтæ
ивынЭлементарон хайыгтæ
Атом æмæ атомы аппæй фæстæмæ, æппæт хайыгтæ сты элементарон (кæй зæгъын æй хъæуы, протонтæ уыцы къордмæ нæ хауынц).
Атом
Атом у химион элементæн йæ лыстæгдæр хайыг чи у, æмæ йе ’ппæт миниуджытæ чи хæссы, уый. Атом арæзт у аппæй æмæ аппы алыварс чи зилдух кæны, уыцы электронтæй. Апп арæзт у протонтæ æмæ нейтронтæй. Протонтæн ис æвæрццæг ифтыгъдæг, нейтрон у нейтралон. Атомтæ кæрæдзиимæ архайгæйæ аразынц молекулæтæ.
Хуымæтæг буаргъæд фæхицæнтæ вæййы иу типы атомтыл (кæд, зæгъæм, гелийы хуызæн иуатомон нæу, уæд), вазыгджын буаргъæд — цалдæр типы атомтыл.
Химион реакцийы фæрцы атом фæдихгæнæн нæй.
Молекулæ
Молекулæ у, дыууæ кæнæ фылдæр атомтæй арæзт чи у стæй хибарæй уæвынхъом чи у, ахæм хайыг. Ис ын иудадзыгон хъæдон æмæ бæрцон сконд. Молекулæйы миниуджытæ баст сты цалдæр хъуыддагимæ: 1) йæ сконды цы атомтæ ис, уыдонимæ; 2) куыд баст сты кæрæдзиимæ атомтæ; 3) цавæр бынат сын ис молекулæты хуылфы. Молекулæйæн вæййы цалдæр уавæры (уыцы иу рæстæджы молекулæ вæййы иу уавæры). Молекулæ исты æддагон факторты руаджы иу уавæрæй иннæ уавæрмæ хизынхъом у. Буаргъæды миниуджытæ баст сты, йе сконды цы молекулæтæ ис, уыдоны уавæр æмæ миниуджытимæ.
Буаргъæд
Классикон зонады хъуыдымæ гæсгæ материйы уæвынæн ис дыууæ физикон формæйы: буаргъæд æмæ быдыр. Буаргъæд у, æнцойады массæ кæмæн ис, материйы ахæм формæ. Æппæт буаргъæдтæ дæр сты корпускулæтæй (ома хайыгтæй) арæзт. Хими сæйрагдæр иртасы, атомтæ, молекулæтæ, ионтæ æмæ радикалтæй арæзт чи у, уыцы буаргъæдтæ. Ранымад хайыгтæ та арæзт сты элементарон хайыгтæй: электронтæ, протонтæ, нейтронтæ æмæ æндæртæй.
Хуымæтæг æмæ вазыгджын буаргъæдтæ. Химион элементтæ.
Сыгъдæг буаргъæдты ’хсæн равзарæн ис хуымæтæг æмæ вазыгджын буаргъæдтæ. Фыццæгтæ арæзт сты иухуызон химион элементтæй. Дыккæгты сконды ис цалдæр химион элементы.
Хуымæтæг буаргъæдтæ нæй хæццæгæнæн æмбарынæдтæ «атом» æмæ «химион элемент»-имæ Химион элемент у, йæ аппæн бæрæг æвæрццæг ифтыгъдæг кæмæн ис, ахæм атомты тип. Æппæт химион элементтæн ис сæрмагонд бынат (бæлвырд атомон номыримæ) Менделеевы элементты Периодон системæйы. Элементы фæткон номыры нысаниуæг æмæ уыцы элементы атомы аппы нысаниуæг сты æмхуызон, ома химион элемент у, иу фæткон номыр кæмæн ис, уыцы атомты æмдзыгуыр. Хуымæтæг буаргъæдтæ сты химион элементты хибарæй уæвыны формæ. Алы элементæн (ифстагæй фæстæмæ) уайы цалдæр хуымæтæг буаргъæды (химион терминтæй: аллотропон формæйы). Уыцы хуымæтæг буаргъæдтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц се скондмæ гæсгæ (зæгъæм, атомон туаггуыр О, æнæуый туаггуыр О2 æмæ озон О3) кæнæ сæ кристаллон хызæджы арæзтмæ гæсгæ (зæгъæм, элемент æвзалыгуырæн (С) уайы дыууæ хуымæтæг буаргъæды: алмаси æмæ графит). Кæй зæгъын æй хъæуы, хуымæтæг буаргъæдтæ вæййынц иуатомон æмæ бирæатомон.
Вазыгджын буаргъæдтæн ис ма æндæр ном: химион баиугæндтæ, уымæн æмæ ацы буаргъæдтæ фæзынынц хуымæтæг буаргъæдтæ химион реакцийы фæрцы куы баиу вæййынц, уæд.
Хуымæтæг буаргъæдтæ сты вазыгджын буаргъæдты химион реакцийы фæрцы уæнгтæ кæныны фæстаг формæтæ. Вазыгджын буаргъæдтæ, цы хуымæтæг буаргъæдтæй арæзт вæййынц, уыдоны миниуджытæ нæ бахъæхъхъæнынц (фесæфынц сæ).
Ныры заман æмбарынæдтæ «синтез» æмæ «анализ»-ы æвæрд ис уæрæхдæр мидис. Хъæугæ буаргъæд реакцион хæццæйæ рахицæнгæнæн куы уа, уæд æй кæй фæрцы самалгæнæн ис, уыцы цыфæнды химион процесс хуыйны синтез. Анализ у, буаргъæды (кæнæ буаргъæдты хæццæйы) хъæдон æмæ бæрцон сконд чи раиртасы, уыцы химион процесс. Хъæдон æмæ бæрцон анализтæ сты аналитикон химийы хæйттæ.
Згъæртæ æмæ æнæзгъæртæ
Æппæт химион элементтæ, сæ миниуджытæм гæсгæ (ома хибар атомты миниуджытæм гæсгæ, стæй элементтæй цы хуымæтæг æмæ вазыгджын буаргъæдтæ арæзт æрцæуы, уыдоны миниуджытæм гæсгæ) дихгонд цæуынц дыууæ къордыл: згъæр æмæ æнæзгъæр элементтыл. Æнæзгъæр элементтæм хауынц (дзырдæй) элементы He, Ne, Ar, Kr, Xe, Rn, F, Cl, Br, I, At, O, S, Se, Te, N, P, As, C, Si, B æмæ Н. Иннæ элементтæ хауынц згъæрты къордмæ.
Ион
Ион у, протонтæ æмæ электронты бæрц æмхуызон кæмæн не сты, уыцы ифтыгъд хайыг (атом кæнæ молекулæ). Кæд ионы сконды электронты нымæц протонты нымæцæй фылдæр у, уæд йын ис æппæрццæг ифтыгъдæг æмæ йæ хонынц анион (дæнцæг: Cl-.). Кæд электронтæ протонтæй къаддæр сты (бæрцæй), уæд ионæн ис æвæрццæг ифтыгъдæг æмæ йæ хонынц катион (дæнцæг: Na+).
Радикал
Радикал у, йе сконды æнæкъай электрон (кæнæ электронтæ) кæмæн ис (ома хайыджы мидæг электронæн æмкъай электрон куы нæ вæййы), ахæм хайыг (атом кæнæ молекулæ). Фылдæр хатт химион бастдзинады архайынц дыууæ электроны. Æнæкъай электрон кæмæн ис, уыцы хайыг вæййы иттæг активон æмæ æндæр хайыгтимæ æнцонæй саразы бастдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ, радикалы цард, рæстæмбис нымадæй, у хæрз цыбыр.
Химион бастдзинад
Химион бастдзинад у, атомтæ кæнæ атомты къордтæ кæрæдзийы цур урæд цæмæй вæййынц, уыцы тых. Ис рахицæнгæнæн химион бастдзинады цалдæр типы: ионон, ковалентон (полярон æмæ æнæполярон), згъæрон, донгуыры (водородный) æмæ æндæр бастдзинæдтæ.
Периодон закъон
Ацы закъон раргом кодта Д.И. Менделеев 1869-æм азы 1-æм мартъийы. Закъонæн ис раттæн ахæм формулировкæ: иу элементмæ цы химион миниуджытæ ис, уыдон та цалдæр элементы фæстæ разынынц æндæр элементмæ дæр.
Химион реакцитæ
Химион буаргъæдты кæнæ буаргъæдты алыхуызон хæццæты мидæг цы процесстæ цæуынц, уыдон сты химион реакцитæ. Химион реакциты фæрцы кæддæриддæр арæзт æрцæуы ног буаргъæдтæ.
Бæлвырдæй зæгъгæйæ, химион реакци у молекулæйы структурæйы ивыны процесс. Реакцийы фæрцы атомты нымæц молекулæйы мидæг кæнæ фылдæр кæны (синтез), кæнæ къаддæр кæны, кæнæ æнæ ивгæйæ баззайы (изомеризаци, атомты бынативд). Реакцийы дæргъы атомты ’хсæн бастдзинæдтæ æмæ сæ равæрд молекулæйы хуылфы æндæр кæнынц.
Химион реакцитæ æргом æмæ бæрæг кæнынц буаргъæды химион миниуджытæ. Химион реакцийы чи архайы, уыцы буаргъæд хуыйны реагент. Химион реакцийы фæрцы цы буаргъæд сæвзæры, уый та хуыйны реакцийы продукт.
Æмткæй райсгæйæ, химион реакци æвдыст цæуы афтæ: Реагенттæ → Продукттæ.
Хими иртасы уыцы процесстæ æмæ дæтты сын характеристикæ куыд макромасштабы (буаргъæдты макробæрцтæ иртасгæйæ), афтæ микромасштабы дæр (ома атомон-молекулярон æмвæзадыл).
Номенклатурæ
Номенклатурæ у химион баиугæндтæн ном æвæрыны æгъдæутты æмбырдгонд. Ахургæндтæн цы химион баиугæндтæ зындгонд сты, уыдоны нымæц ныридæгæн у 20 милуанæй фылдæр, уыимæ ма сæ нымæцы рæзт бауромæн нæй æмæ уымæн, цæмæй сæ номмæ гæсгæ æнцон уа ногæй бавдисын сæ структурæ, æнæмæнг хъæуы сын ном æвæрын бæлвырд æгъдæуттæм гæсгæ. Органикон æмæ æнæорганикон баиугæндтæн ном æвæрынæн ис цалдæр номенклатурæйы. Уыдонæй стандартыл нымад у номенклатурæ IUPAC.
Химийы хæйттæ
Нырыккон хими у æрдззонæны уыйас уæрæх къабаз æмæ йын йæ бирæ хæйттæ сты нымад, кæд кæрæдзиимæ æнгом баст, фæлæ уæддæр, хæдбар зонадон дисциплинæтыл.
Цы объекттæ ахуыр кæны, уыдоны миниуджытæм гæсгæ хими дих у дыууæ къабазыл: органикон æмæ æнæорганиконыл. Физикон принциптæ æмæ эксперименталон бæрæггæнæнты бындурыл химион фæзындтæ чи бæлвырд кæны æмæ сæ иумæйаг закъонбæрцæдтæ бæрæг чи кæны, химийы уыцы къабаз хуыйны физикон хими. Ацы къабазмæ ма хауы квантон хими, электрохими, химион термодинамикæ, химион кинетикæ. Сæрмагонд хæйттыл нымад сты аналитикон æмæ коллоидон хими.
Нырыккон куыстады технологон бындур бæрæг кæны химион технологи. Ацы зонады сæр у:
а) цæттæ æрдзон æрмæджытæ химион æгъдауæй бакуысты ауæрдаг методтæ æмæ фæрæзтæ;
б) æрдзы мидæг чи нæй, ахæм химион продукттæ кæнын.
Ис ахæм зонæдтæ, хими æндæр æввахс æрдзиртасæг зонæдтимæ баиууы фæрцы чи сæвзæрди. Зæгъæм, биохими, биоорганикон хими, геохими, радиацион хими, фотохими æмæ æндæртæ.