Хъæууон хæдзарад
Хъæууон хæдзарад у экомикæйы къабаз, кæцы цæрджытæн дæтты хойраг (хæринаг) æмæ индустрийы иуæй-иу къабæзтæн хомаг. Ацы къабаз у ахсджиагдæртæй иу, алы бæстæйы дæр дзы кусынц. Дунейы хъæууон хæдзарады чи кусы, уыдоны нымæц у иу миллиардæй фылдæр.
Индустрийæ хъауджыдæр хъæууон хæдзарады куыст æнгом баст у æрдзы тыхтимæ, зæхх у йæ сæйраг кондады фæраз.
Ныртæккæ сурзæххы дæсæм хайы бæрц хуымгæнд у, 24% та сты хизæнтæ.
Къабæзтæ
ивынХъæууон хæдзарады къабæзты ’хсæн ис:
- Зайæгойты куыст. Уый дих кæны, цы зайæгойты куыст кæны, уымæ гæсгæ:
- хоры культурæ (мæнæу, хъæбæрхор, сылмæнæу, сысджы, пырындз, нартхор, сауфагæ, сорго æмæ æнд.);
- хъæдуры культурæ (тымбылхъæдур, хъæдур, тъæпæн хъæдур, сойæ æмæ æнд.);
- холладжы культурæ (холлагкæрдæджытæ, силосы культурæтæ, холладжы уидагдыргъ æмæ æнд.);
- техникон культурæ: а) хойраджы культурæтæ (сæкæры хъæз, сæкæры цæхæра, крахмалджын культурæтæ, хосгæнæн культурæтæ); б) хъуымацуафæн культурæтæ (бæмбæггаг, гæн, лыстæг гæн, джут); в) каучукхæсджытæ (гевей);
- бахча-халсары культурæ: а) картоф, б) сыфон культурæтæ (къабуска, салат, голмандзы, хъонтхора, сыфон басгæрдæг æмæ æнд.); в) дыргъы культурæ (пъамидор, джитъри, нас, дæргънас, патиссон, бадырджан, цывзы); г) хъæдындзы культурæ (хъæдындз æмæ нуры); д) уидагдыргътæ (уырыдзы, хæргæ цæхæра, урсуидаг, басгæрдæг, маламар, хуыдырбулкъ, мæйбулкъ, булкъ æмæ æнд.); е) бахчайы культурæ (харбыз, неси, нас æмæ æнд.);
- цитрусы культурæ (апельсин, грейпфрут, мандарин, лимон, бергамот æмæ æнд.);
- тонус цырынгæнаг культурæтæ (наркотикон культурæтæ, цай, къофи, какао);
- зетийы æмæ эфирсойы культурæтæ: а) зетидæттæг культурæтæтæ (æхсынæн, касторгæрдæг, бæлтæрна, рапс, кунжут, бурхилон, гæн, лыстæг гæн, кокоспальмæ, зетидæттæг пальмæ, оливæйы бæлас); б) эфирсойы культурæтæ (чиндзи, хорнæмыгон, фыдхос æмæ æнд.);
- сæнæфсиргуыст;
- дыргъ;
- зокъогуыст;
- фосдарыны куыст (уырыс. животноводство)
- хъомдарыны куыст (выращивание крупного рогатого скота);
- фысвосдарыны куыст;
- сæгътæ дарыны куыст;
- тæрхъусдарынад;
- бæхдарыны куыст;
- бындздарыны куыст;
- дыдынбындз дарыны куыст (уырыс. шмелеводство);
- сырддзармы куыст (звероводство);
- кæсагдарыны куыст (рыбоводство);
- марикультурæ;
- сагтæ дарыны куыст;
- маргъдарыны куыст;
- хуыдарыны куыст;
- теуадарыны куыст;
- цыллæйы куыст;
- кæсагдзуан.
Æддаг æрмæг
ивын- Хъæууон хæдзарады портал (уырыс.)