Гæбæраты Иналы фырт Эдуард (райгуырдис Цхинвалы 1970-æм азы 16 мартъийы) у Хуссар Ирыстоны артиллерийы полчъы хицау, дæлбулкъон, 2011-æм азы президенты бынатмæ æвзæрстыты 17 сфидаргонд кандидаттæй иу[1]. Æвзæрстыты тæккæ агъоммæ йæ кандидатурæ аиста Къæбысты Георгийы æххуысæн[2].

Гæбæраты Эдуард ахуыр кодта Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы (1977-87). 1987-æм азы уый бацыдис Саратовы арæзтадон техникуммæ, 1988-æм азæй лæггад кодта æфсады, уый фæстæ та йæ ахуыр адарддæр кодта Саратовы. 1991-æм азы, Гуырдзыстоны бабырсты фæдыл раздæхтис йæ райгуырæн бæстæм.

1991-92 азты активонæй архайдта хæсты. 1992-æм азæй 2000-æм азы онг лæггад кодта сабыргæнæг тыхты батальоны.

Йæ ныры бынаты кусы 2004-æм азæй.

2012-æм азы Гæбæраты Эдуард ног политикон партийы бындур сæвæрдта, партийы ном у «Фидæн»[3].

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын