Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстытæ (2011)
2011-æм азы 13 ноябры Хуссар Ирыстоны цыдис президенты æвзæрстыты фыццаг тур.
Æдæппæт регистрацигонд æрцыдысты 17 кандидаты[1]:
- Æлборты Игорь — Республикæ Хуссар Ирыстоны иргъæфы министры хæдивæг;
- Бæззаты Инал — РХИ-йы парламенты депутат;
- Бестауты Айвар — Республикон рынчындоны хайады сæргълæууæг;
- Бибылты Анатолий — РХИ-йы уæлвæткон уавæрты иувæрс кæныны фæдыл министр;
- Битеты Сергей — РХИ-йы юстицийы министрады сæйраг тæрхонон пъырыстыф;
- Гæбæраты Эдуард — РХИ-йы иргъæфы министрады артиллерийы сæргълæууæг; йæ кандидатурæ аиста Къæбысты Георгийы æххуысæн[2];
- Джыккайты Джемал — Республикон рынчындон диагностикæйы кабинеты сæрдар;
- Джиоты Аллæ — РХИ-йы ахуырады кæддæры министр (2002-2006 азты);
- Коцты Алан — спорты скъолайы ахуыргæнæг; йæ кандидатурæ аиста Бибилты Анатолийы æххуысæн[2];
- Къæбысты Георгий — Информаци, бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты паддзахадон комитеты сæрдар;
- Плиты Алан — РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг;
- Тæсойты Дмитрий — Социал-демократон змæлды рæздзог;
- Тедеты Сослан — РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады СОБР-ы командир;
- Хъотайты Алан — Цхинвалы мэры фыццаг хæдивæг;
- Челæхсаты Владимир — РХИ-йы парламенты депутат (III æмæ IV æвзæрсты);
- Цгъойты Мераб — РХИ-йы парламенты депутат;
- Цыхуырбаты Вадим — дзулфыцæн комбинаты директор.
Бюллетентæ джиппæй рацыдысты æппæт 17 кандидаты нæмттимæ, æмæ, йæ кандидатурæ чи аиста, уыцы æхсæз адæймаджы нæмттæ æвзæрстыты къамисы кусджытæ-иу ахахх кодтой къухæй[3].
Æвзæрстыты дыккаг турмæ 11 кандидатæй рацыдысты Джиоты Аллæ æмæ Бибылты Анатолий[4]. Тур ахицæн ис 2011-æм азы 27 ноябры, æмæ дзы Джиоты Аллæ райста 56,74% хъæлæстæ[5]. Æвзæрстыты официалон фæстиуæг нæма хъуыстгонд у. Конституци æмæ закъонмæ гæсгæ, æвзæрст президент йæ бармæ бацæуы æвзæрстыты фæстиуджытæ фехъусын кæныны фæстæ дæсæм боны[6].
Æддаг æрмæг
ивын- ИА «Рес»: Цхинвал æвзæрстыты агъоммæ
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Л. Джиоев. Выборы президента РЮО: Осталось две недели // Юго-осетинская газета «Республика»
- ↑ 2,0 2,1 http://cominf.org/node/1166490237
- ↑ Бела Плиева: «Большинство обвинений в наш адрес абсолютно беспочвенны и надуманы…»
- ↑ http://cominf.org/node/1166490292
- ↑ ИА «Рес»: ЦИК РЮО: За Аллу Джиоеву проголосовало 56,74%, Анатолий Бибилов собрал 40%
- ↑ Избирательные комиссии в Южной Осетии приступили к подсчету голосов