Гæгкутæ (уырыс. Гагкуевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Дзæгъойтæ, Фадзайтæ æмæ Саламтæ Хуссар Ирыстоны цæрæг иу артæй байуаргæ æфсымæртæй равзæргæ сты. Уырдыгæй ралыгъдысты, кæимæдæр кæй фæтуджджынтæ сты, уый тыххæй. Æрбалыгъдысты Дыгургоммæ, æрцардысты Мæхческы хъæуы. Уырдыгæй Фадзайтæ алыгъдысты Хæнæзмæ. Дзæгъойтæ æмæ Гæгкутæ та баззадысты Абисалтæм кусгæйæ. Абисалтæ быдырмæ куы алыгъдысты, уæд сын сæ зæххытæй бирæ бахай кодтой, афтæмæй Дзæгъойтæ æмæ Гæгкутæ систы Мæхческы бындурон цæрджытæ. Дыгургомы цæрæг Дзæгъойтæ, Гæгкутæ æмæ Фадзайтæ абон дæр сæхицæн хæстæгыл нымайынц, Хуссар Ирыстоны цы Зæгъойтæ æмæ Саламтæ цæры, уыдоны.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 57.