Габетæ (уырыс. Габеевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Габеты мыггаг цард Уæлладжыры комы, Дæйыхъæуы. Мыггаджы фыдæл Габе уыд Ос-Бæгъатыры къабазæй, Сидæмоны фырты фырт Фаттайы фырт Уырызмæджы лæппутæй иу. Уæлладжыры комæй ралыгъди цалдæр лæджы Дыгуры коммæ. Æрæнцадысты Стыр-Дыгуры хъæуы. Габетæй ма балыгъди Москимæ дæр.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.