Габровойы облæст
Габровойы облæст (болг. Област Габрово) у Болгарийы облæст бæстæйы центры. Йæ сконды 4 хъæубæстæйы ис: Габрово, Севлиево, Дряново æмæ Трявнæ.
Паддзахад | Болгари |
Статус | Облæст |
Кæй сконды у | Цæгат-Централон регион |
Йæ дæлхæйттæ | 4 хъæубæстæйы |
Административон центр | Габрово |
Цæрджытæ | 137 461 |
Æнгомад | 67,9 ад./км² |
Фæзуат | 2 023 км² (бæстæйы 1,8 %, 28-æм бынат) |
Денджызы æмвæзæй уæлдæр - Рæстæмбис бæрзæнд |
392 м |
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
Автомобилон код | EB |
Сайт | Официалон сайт |
![]() | |
![]() | |
![]() |
Административон центр — сахар Габрово.
Облæсты территорийы фæзуат у 2023 км², цæрджыты нымæц — 137 461[1]. Куыстхъом адæмæй 5,6% сты æгуыст[1].
Афæдзы растæмбис температурæ — 10 °C. Иуæй-иу ран хæхтæ митæй æмбæрзт баззайынц афæдз 110 боны дæргъы[2]. Хъæддаг æрдз у хъæздыг, уымæн цуанонтæ æрбацæуынц Габровойы облæстмæ суанг фæсарæнтæй дæр.
Облæсты сæйраг индустрийы къабæзтæ сты арæзтад, къахæн индустри, раконды индустри. Индустриалон артдзæст у Севлиевойы хъæубæстæ (кондады 52,5%). Хъæууон хæдзарад облæсты нæ райтынг, уый тыххæй æмæ хæххон у, бæзнаг мæр дзы кадавар.
Ахсджиаг экономикæйы къабаз у туризм дæр. Цуан кæнынмæ æмæ историон фенддæгтæ фенынмæ æрбацæуынц бирæ адæм.
Болгари æмæ Уæрæсейы истори тынг ахсджиаг фарс уыд Шипкæйы æфцæджы хъахъхъæнынад (1877 азы дыккаг æмбис) — уыцы æфцæг Габровойæ 22 км хуссарырдæм у. Æрвылаз 3 мартъийы Шипкæйы æфцагыл болгайраг патриоттæ мысынц, Болгарийы хæдбардзинады сæрвæлтау чи фæмард, уыдоны нæмттæ.
2003 азы 3 мартъийы (Сан-Стефаны бадзырдыл къух æрфыссыны бон), Болгарийы ссæрибарыл 125 азы куы сæххæст, бæрæгбонмæ æрбацыд Уæрæсейы президент Владимир Путин дæр, йæ болгайраг коллегæ Георгий Пырвановы хонæгæй[3].
Æддаг æрмæгИвын
- Администрацийы сайт (болг.), (англ.)