Гагкотæ кæнæ Гакойтæ (уырыс. Гагкоевы) сты дыгурон мыггаг.

Истори ивын

Таурæгъмæ гæсгæ, ацы мыггæгтæн сæ фыдæл уыд Хъибил (йæ фыды ном æмæ йын йæ мыггаг ничи зоны). Хъибилы цæуæты тыххæй ис дыууæ таурæгъы. Фыццаг таурæгъмæ гæсгæ, Хъибилæн уыд цыппар фырты: Гагко, Аппи, Густи æмæ Дзилих. Дыккаг таурæгъмæ гæсгæ, Хъибилæн уыд дыууæ фырты: Гагко æмæ Аппи. Уыдонæй сæ иуæн уыд дыууæ фырты: Густи æмæ Дзилих. Дыууæ таурæгъы дæр æвдисынц, Гагко, Аппи, Густи æмæ Дзилих Хъибилæй кæй равзæрдысты, уый. Хъибил æмæ йæ цот кæцæй æрбафтыдысты Гæлиатмæ, уый бæстон бæрæг нæу. Хъибилы фырттæ сæ нæмттæй скодтой мыггæгтæ æмæ Гæлиаты хъæуы фæзынд нæуæг мыггæгтæ: Гагкотæ, Дзилихтæ, Аппитæ æмæ Густитæ.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 64–65.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 68.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 291–293.