Гаджибеков, Узеир Абдул-Гусейн оглы

азербайджайнаг советон композитор, дирижёр, музыкæзонæг

Узеир Абдул-Гусейн оглы Гаджибеков (азерб. عزيربك بن عبدالحسين حاجى بكوف, Üzeyir bəy Əbdülhüseyn oğlu Hacıbəyov; 6 [18] сентябры 1885, Агджабеди — 23 ноябры 1948, Баку) уыд азербайджайнаг советон композитор, дирижёр, музыкæзонæг, публицист, драматург, педагог, æхсæнадон архайæг. Советон Цæдисы адæмон артист (1938). Сталины премийы ll къæпхæны дыууæ хатты лауреат (1941, 1946).

Узеир Абдул-Гусейн оглы Гаджибеков
азерб. اوزئییر حاجی‌بَی‌اوو, Üzeyir Hacıbəyov
Иумæйаг информаци
Райгуырды датæ 6 (18) сентябры 1885
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1948-æм азы 23 ноябры(1948-11-23)[1][2][3] (63 азы)
Мæлæты бынат
Ныгæныны бынат
Бæстæ
Професситæ дирижёр, композитор, музыкалон педагог, фыссæг, журналист, музыкалон этнограф, драматург
Сфæлдыстады азтæ 19041948
Жанртæ оперæ, классикон музыкæ[d] æмæ мугам[d]
Хорзæхтæ
Ленины орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» майдан медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»
Сталинская премия 2-й степени Сталинская премия 2-й степени Советон Цæдисы адæмон артист народный артист Азербайджанской ССР заслуженный деятель искусств Азербайджанской ССР
Автограф
Изображение автографа
hajibeyov.com
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Нырыккон Азербайджаны профессионалон музыкалон дæсныйады бындурæвæрæг, Азербайджаны ССР-йы Зонæдты академийы архайæг уæнг (1945), профессор (1940), Азербайджаны консерваторийы ректор (19281929, 19391948), Азербайджаны ССР-йы Композиторты цæдисы сæрдар (19381948). Коммунистон партийы уæнг 1938-æм азæй. Азербайджаны ССР-йы æмæ ныры Азербайджаны гимны автор. Пысылмон дунейы фыццаг оперæйы ныффыссæг[5][6].

Йæ ахуыр райдыдта медресейæ, стæй каст фæци дыуууæазыккон уырыссаг-тæтæйраг (азербайджайнаг) скъола. 1899-æм азæй 1904-æм азы онг ахуыр кодта Фæскавказы ахуыргæнджыты семинары азербайджайнаг хайады Гуры сахары[7]. Гуры базыдта скърипкæ æмæ виолончель цæгъдын, базонгæ и суинаг композитор Муслим Магомаевимæ (зарæггæнæг Муслим Магомаевы фыдыфыд)[8]. Уый фæстæ цыппар азы дæргъы амыдта Гадрут æмæ Бакуйы скъолаты.[7] 1905-æм азы куыста Бакуйы Биби-Эйбаты скъолайы, стæй «Саадат»-ы скъолайы, амыдта дзы азербайджайнаг æмæ уырыссаг æвзаг, математикæ, географи, истори[9]. Уыцы иу рæстæг сси газет «Хаят»-ы тæлмацгæнæг, газет «Иршад»-ы дæр архайдта. 1911-æм азы ацыдис Мæскуымæ бæстондæр музыкалон ахуыр райсынмæ[10], стæй Бетъырбухмæ дæр, кæцыйы ахуыр кодта консерваторийы В. Калафатийы разамындæй (1914).

Узеир Гаджибеков (рахизырдыгæй фыццаг рæнхъы) Фæскавказы ахуыргæнджыты семинары студентты ’хсæн. Йæ фæстæ бады Муслим Магомаев (хистæр). 1904-æм аз

Литературæ ивын

  • Сарабский А. Г. Возникновение и развитие азербайджанского музыкального театра (до 1917 г.). — Б.: Издательство Академии наук Азербайджанской ССР, 1968. — 273 с.
  • Мирза Ибрагимов. Üzeyir Hacıbəyovun şəxsiyyəti və yaradıcılığı. — Баку, Азербайджанская ССР, СССР: Азернешр, 1987.
  • Ахмед Исазаде. (на азербайджанском). — Баку, Азербайджанская ССР, СССР: Элм, АН Азербайджанской ССР, 1990.
  • Х. Гашимова, Р. Оруджалиева, Н. Асланбекова, Г. Сафарова, Н. Салимова. (на азербайджанском). — Баку, Азербайджан: Азербайджанская Государственная Библиотека имени М.Ф.Ахундова, 2008.
  • Мәммәдли Г. Үзејир Һаҹыбәјов. 1885 — 1948 Һәјат вә јарадыҹылығынын салнамәси. — Б.: Јазычы, 1984.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Bibliothèque nationale de France Hadjibeyov, Uzeir // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  2. Uzeyir Hajibeyov // Musicalics (фр.)
  3. Uzeir Abdul Husein Ogli Hadžibekov // Proleksis enciklopedija, Opća i nacionalna enciklopedija (хорв.) — 2009.
  4. Deutsche Nationalbibliothek Record #11895850X // Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  5. Matthew O'Brien. Uzeir Hajibeyov and his role in the development of musical life in Azerbaijan. — Routledge, 2004. — С. 211. — ISBN 0-415-30219-6, 9780415302197.
  6. William O. McCagg, Brian D. Silver. Soviet Asian ethnic frontiers. — Pergamon Press, 1979. — ISBN ISBN 0-08-024637-0, 9780080246376.
  7. 7,0 7,1 Гаджибеков Узеир Абдул Гусейн-оглы. Биография.ру. Датæ: 2019-æм азы 15 июны. Архив 2011-æм азы 19 августы.
  8. Магомаев Муслим Магомаевич(недоступная ссылка). Биография.ру. Датæ: 2010-æм азы 18 июны. Архив 2007-æм азы 16 майы.
  9. Ч.Каджар. Старая Шуша. 2007, Изд-во Шарг-Гарб., стр 326
  10. Ч.Каджар. Старая Шуша. 2007, Изд-во Шарг-Гарб., стр 327