Галеутæ (уырыс. Галеовы) сты дыгурон мыггаг.

Истори ивын

Хъозитæ æмæ Галеуты равзæрды тыххæй рагон таурæгъ дзуры, зæгъгæ, дам, Хъози æмæ Галеу уыдысты æфсымæртæ, сæ фыд уыд Уналдитæй, сæ мад — æссон. Дыууæ æфсымæры цардысты Доныфарсы хъæуы уæздан Кобегкаты цур. Кобегкатæм Кæсæг æмæ Асыйæ арæх цыдысты уазæгуат сæхи хуызæн хъæздгуытæ, фæлæ-иу æхсæвиуатмæ бацыдысты Уналдитæм. Ацы хъуыддаг сæ сæрмæ не схастой Кобегкатæ æмæ Уналдиты дыууæ æфсымæры амардтой. Æфсымæртæн сæ устытæ сæхи бар нæ уыдысты. Галеуы ус рацыд йæ цæгатмæ, Хъозийы ус та баззад цæргæ йæ лæджы хæдзары. Кобегкатæ тарстысты, лæппу йын куы райгуыра, уымæй, æмæ фæнд кодтой уыцы сывæллоны дæр амарын. Хъозийы ус уый куы базыдта, уæд сæ хъæуккаг уæздан лæг Хъанухъты Есемæ бацыд лæгъстæмæ, цæмæй йын йæ сывæллон ма бауадза марын Кобегкатæн. Есе сразы æмæ Хъозийы усы æрцæрын кодта йæхи хæдзары. Сылгоймагæн райгуырд дыууæ лæппуйы æмæ сæ мад хъомыл кодта Есейы фæрцы. Кобегкаты тасæй сын сæ мыггаг (Уналдиты) раивта æмæ сæ ныффыссын кодта сæ фыды номыл — Хъози — Хъозитæй, афтæмæй Доныфарсы хъæуы фæзынд Хъозиты мыггаг. Фæлæ уæддæр Кобегкатæй тарстысты æмæ алыгъдысты Мæздæгмæ. Æфсымæртæй хистæр Хаджи хуынд, æмæ уый фæстæмæ Доныфарсмæ æрбалыгъд, бинонтæ æркодта, фæзынд ын цæуæт: йæ фырттæ Аккуй, Мæргæбек, Гуйман æмæ Метросид. Уналдиты Галеуы Кобегкатæ куы амардтой, уæд йæ ус йæ цæгатмæ ацыд. Уым ын райгуырд лæппу, æмæ йын, йæ мады фæндонмæ гæсгæ, йæ мыггаг скодтой йæ фыды номмæ гæсгæ — Галеутæ. Куы схъомыл, уæд æрбаздæхт йæ фыды хъæумæ Доныфарсмæ, ус ракуырдта, цæуæт сын рацыд. Фæстагмæ дзы бирæтæ алыгъдысты Лескенмæ.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 67–68.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 55.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 239–241.