Гатеты Тотры фырт Барис (Мануил) у ирон этнограф, этнографон фыстуац «Суеверия и предрассудки осетин» чи ныффыста, уый. Уыцы фыстуац у зынаргъ уацмыс, XIX-æм æнусы 70 азты ирон адæмы æхсæн дин æмæ æгъдæуттæ куыд уыдысты, уый тыххæй.

Гатеты Барис
Райгуырды датæ 1841
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Зонады къабаз этнографи

Цардафыст ивын

Барис райгуырди 1841-æм азы, Уæлладжыры комы, Ходы хъæуы, хæххон бинонты ’хсæн.

1865-æм азы Барис каст фæцис Калачы дины семинар. Барис, Калачы семинары ахуыргæнгæйæ, ахуырмæ рæвдз кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ уыцы æхсæнады правлени арвыста Хъазаны дины академимæ. Уый фæлварæнтæ радта рæстæмбис нысæнттимæ. Хъазаны дины академи Барис каст куы фæцис 1870-æм азы, уæд ссыд Калакмæ. Уым иуцасдæр рæстæг æнхъæлмæ фæкастис бынатмæ, стæй уый фæстæ æрцыди Дзæуджыхъæумæ.[1]

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Тотойты Михал. Гатеты Барис — этнограф. Журнал «Мах дуг», 1999 аз, №5, 129-æм фарс