Уæлладжыргом
(Уæлладжыры ком-æй æрвыст)
Уæлладжыргом, Уæлладжыры ком, Уæлладжыр ис Цæгат Ирыстоны, цæугæдон Æрыдоны дæргъмæ. Уыцы комы цæуы Уæлладжыры фæндаг, ис дзы ирон адæмы истори æмæ культурæйы фенддæгтæ.
Уæлладжыргом | |
---|---|
Уæлладжыр | |
![]() Фæззыгон уынд Уæлладжыры комы | |
Бæстæ |
![]() |
Республикæ |
![]() |
Район | Алагиры район |
Картæ | |
|
|
![]() |
Географи
ивынУæлладжыры æхсæнад
ивынУæлладжыры æхсæнад у Цæгат Ирыстоны æхсæнадæй иу. Уæлладжырæгты скæсæйнаг сыхæгтæ сты куырттатæгтæ, ныгуылæйнаг сыхæгтæ — дыгур, сæ хуссайраг сыхæгтæ та — туалтæ. Уæлладжыры æхсæнад Ирыстоны нымад уыдис æппæты рагондæр æхсæнадыл. Адæмон таурæгътæм гæсгæ, иннæ ирон æхсæнадты бындурæвæрджытæ сты Уæлладжыры æхсæнадæй рацæугæ. Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, фæстæдæр æгас Ирыстоныл чи апырх æмæ йæ алы къуымты чи æрцарди, уыцы рагфыдæлтæ рацыдысты ирон адæмы рагфыдæл Ос-Бæгъатырæй æмæ хæссынц йæ фыртты — Сидæмон, Цæразон, Хъусæгон, Цъæхилон æмæ Æгъуызы нæмттæ.[1]
Кæс ма ноджы
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.