Сослан-Дауыт (Цæразон)

Сослан-Дауыт (гуырдз. დავით სოსლანი) у Тамар успаддзахы мой, Гуырдзыстоны паддзах æмæ Гуырдзыстоны хъомыс йæ тæмæны куы уыди, уыцы заманы гуырдзиаг æфсады разамонæг.

Сослан-Дауыт
Райгуырдис XII æнус
Амардис 1207
Мыггаг Багратионтæ[d]
Фыд Джадарон[d]
Æмкъай Тамар[1]
Сывæллæттæ Георги IV (Гуырдзыстоны паддзах) æмæ Русудан[d]
Дин Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Йæ райгуырæн бон бæрæг нæу; амардис 1207-æм азы.

Сослан-Дауыты генеалоги Вахушти Багратионимæ гæсгæ.[2]

Иуæй-иу гуырдзиаг хроникæтæм гæсгæ, Сослан уыди Багратионты ирон къабазæй. Иннæ таурæгътæ дзурынц, йæ мыггаг Цæразонтæ рагон аллон паддзахон мыггаг кæй уыди. У аллон паддзах Джадароны фырт.

Йæ равзæрд

ивын

Вахушти Багратионимæ гæсгæ уый уыди Гиуæрги Фыццаджы фырты Деметрейы байзæддаг, ома уыди Багратионтæй. Гиуæрги Фыццагмæ (1014-1027) уыди дыууæ фырты фæйнæ усæй — Баграт IV æмæ Деметре. Фæстæдæр Гиуæрги æрцарди Константинополы. Ацы факттæ раст зынынц «Гуырдзыстоны хроникæйы» (Матиане Картлиса). Деметремæ баззади æнахъом фырт Дауыт æмæ йæ фыды мад йæ ахаста Ирыстонмæ. Уым Дауыты йæхимæ райста Цæразонты аллон паддзах æмæ уый радта йын йæ чызг. Дауыты фырт Атон сси аллон паддзахæй, æмæ Сослан-Дауыт уыди Атоны фыртыфырт.

Сосланы цардвæндаг

ивын

1187-æм азы Тамар успаддзах ахицæн йæ фыццаг мой Юрийæ æмæ Сосланмæ смой кодта. Сослан схъомыл гуырдзиаг паддзахы галуаны. Тамары цур уавгæйæ Сослан бирæ хæрзты бацыди гуырдзиаг паддзахадæн. Бирæ азты уый фæтох кодта Гуырдзыстоны знæгтимæ.

Гуырдзыстоны паддзах XIII-æм æнусы райдайæны

ивын

1195-æм азы Ираны Азербайджаны атабег Абу-Бекр фембылды ис Шамхоры хæсты, Сослан разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æфсадæн. Гуырдзыстоныл фæкарздæр ис пысылмон паддзахæдты разамонджыты хъыгдард. Уыдоны æхсæн уыди Румы султан Рукн-ад-дин. Уый Гуырдзыстонмæ бабырстмæ рагæй хъавыдис. Сосланы разамындæй гуырдзиаг æфсад абалц знæгты ныхмæ æмæ Тамар та арæны цур баззади.

1202-æм азы Басианы цур хæсты гуырдзиæгтæ фæуæлахиз сты сæ бирæнымæцон знæгтыл. Дауыт райста уацары Рукн-ад-дины æфæсымæры.

1204-æм азы Гуырдзыстоны æфсад байста денджызы цур сахартæ: Трапезунд, Лимни, Самсун, Синоп, Керасунт, Котиорæ æмæ Гераклей. Стæй ацы раны рæвзæрди Трапезунды импери æмæ уый Гуырдзыстоны тæваджы бын бахауди. 1207-æм азы Сослан-Дауыт амарди æмæ Тамар барадмæ æркодта сæ фырт Гиуæрги-Лашæйы.

 
Гуырдзыстоны паддзахад XIII-æм æнусы райдайæны.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Хаханов А. Тамара (уырыс.) // Энциклопедический словарьСПб: Брокгауз — Ефрон, 1901. — Т. XXXIIа. — С. 556—557.
  2. Alemany, Agustí (2000), Sources on the Alans: A Critical Compilation, p. 321. Brill Academic Publishers, ISBN 90-04-11442-4.