Гергеты аргъуан
Гергеты аргъуан (гуырдз. წმინდა სამება [цъминда самеба]) — Æртæиуоны аргъуан Гергеты хъæуы Гуырдзыстоны.
Географион бынат
ивынЦы ран ис, уый денджызы æмвæзадæй у 2170 метрæй бæрзонддæр. Æрбынат кодта Сæнайы хохрæбын, Арвыкомы фæндаггæрон гуырдзиаг хъæу Гергеты, Терчы фæрсагдон Чхерийы рахизварс, Сæнайы посёлочы хæдсæрмæ. Аргъуанмæ фистæгæй цæуын хъæуы æртæ сахаты бæрц, ис хæдтулгæйæ дæр схизæн — уый сахаты ’рдæг ахсы.
Истори
ивынАрæзт æрцыд XIV æнусы. Аргъуаны цур ис, астæузаманæй чи баззади, ахæм дзæнгæрæгдон. Тбилисмæ перс куы бырстысты, уæд Гергеты рæстæгмæ æфснайд æрцыд Сыгъдæг Нинойы дзуар.
Советон заман аргъуан уыди æхгæд. ССРЦ-ы фехæлды фæстæ аргъуан фæстæмæ радтой Гуырдзиаг православон еклезийæн.
Æнæуый информаци
ивынАмаддзаг у популярон туристты ’хсæн.
Æддаг æрмæг
ивын- Хъазыбеджы муниципалитеты туристон маршруттæ Архивгонд æрцыдис 1 майы 2009 азы. (англ.)