Гецатæ[1][2] (уырыс. Гецаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Гецатæ равзæрдысты Мæхческы цæрæг Дзайнухъты мыггагæй. Ацы мыггаг нымад уыд уæздан мыггагыл. Сæ фыд Дзайнухъ-æлдар дыккаг усæн ракуырдта задæлескыхъæуккаг Бæзиты чызджы. Уымæй йын райгуырд фырт — Геца. Куы схъомыл, уæд йæ фыдæй рахицæн, йемæ рацыд йæ мад дæр. Куыд дыккаг усы лæппу, афтæ йын йæ фыд йæ мулкæй нæ бахай кодта, æмæ Геца уыцы бонæй фæстæмæ йæ цоты мыггаг схуыдта йæхи номæй — Гецатæй. Æрхаста бинонтæ, рацыд ын цæуæт.[3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу, Алания, 1999. 389 ф.
  2. Таказов Ф.М. Этимология осетинских имен и фамилий: Монография; Сев.-Осет. ин-т гум. и соц. исслед. им. В.И.Абаева. Владикавказ: ИПО СОИГСИ, 2008.
  3. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.