Гобеджишвили (гуырдз. გობეჯიშვილი) сты гуырдзиаг мыггаг.

Равзæрд

ивын

Гобеджишвилитæ æрлыгъдысты Дыгургомæй Хъибмæ.[1]

Таурæгъмæ гæсгæ, раджы кæддæр Туалгомы цардысты æртæ æфсымæры — Гобеджи (გობეჯი), Иа (ია) æмæ Хамиджа (ხამიჯა). Фæлæ XIII æнусы кæроны ирæттæ куы тырныдтой тыхæй байсын Мидæггаг Картли, уæд уыцы заманы æфсымæртæ фæлыгъдысты Рацъмæ. Ам æрбынат кодтой æмæ сæ нæмттæм гæсгæ равзæрдысты уæздан мыггæгтæ. 1840 азы æрфыстмæ гæсгæ сæ фылдæр хай цардысты Оны районы хъæуты: Нигвзнара, Ончеви, Урау, Хъиб, Цъиуæра, Хурути. Гобеджишвилитæ сæхи мидæг дих кæнынц цалдæр къабазы: Ермелеени, Гогеени, Нинеени, Путувеени.[кæцæй ист у?]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 59.