Рацъ
- Гуырдзиаг адæмы субэтникон къорды тыххæй кæс: Рацъæттæ.
Рацъ, вариант: Рацъгом[1] (гуырдз. რაჭა, [рачъа]) у Гуырдзыстоны хъæууон историон бæстæ Рионы доны уæлкæлæны. Æрбынат кодта Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Сарийы регионы. Йæ сæйраг сахар у Он.
Рацъ რაჭა | |
---|---|
Картæ | |
Уым цæрынц рацъæттæ (гуырдзыйы дæлкъорд), Оны ма цæрынц дзуттæгтæ (уирæгтæ) (гуырдзиаг дзуттæгтæ).
Цæгат-ныгуылæны Рацъ арæн кæны Сари æмæ Лечхумимæ; цæгат-скæсæны та Кавказы сæйраг рагъæй хицæнгонд у Цæгат Ирыстонæй. Йæ хуссары ис Рацъы хохы рагъ, уый фæстейы æрбынат кодта Имерет. Скæсæны æмарæн у Хуссар Ирыстонимæ.
Истори
ивынРаджы уым уыдис æлдарад (Рацъы ерыстауад), уыдис Имереты паддзахады дæлбар. 1465-æм азæй 1769-æм азы онг уым хицауиуæг кодтой ерыстаутæ Чхеидзетæ. Рацъ 1810-æм азы бахауд Уæрæсейы империйы скондмæ. Ацы рæстæджы уый уыди Кутаисы губернæйы уезд.
Гуырдзыстоны административон-территориалон дихмæ гæсгæ Рацъ хауди Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Сарийы регионы Он æмæ Амбролауры районтæм. Рацъы дæр ис Хванчкарайы хъæу, «Хванчкарайы» сæн кæм кæнынц.
Литературæ
ивын- Цуциты А. А. Атлас этнополитической истории Кавказа (1774-2004), М.: "Европа", 2006. ISBN 5-9739-0045-2 (уырыс.)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Журнал «Центральная Евразия» №1 (3) 2019. Юрий Дзиццойты. Об исторических границах Южной Осетии