Гуджара́ти, гуджаратаг æвзаг (ગુજરાતી, gujarātī) у гуджаратæгты æвзаг, индоевропæйаг мыггаджы индоариаг къорды æвзæгтæй иу. Æдæппæт дзурджыты нымæц у 46 милуаны бæрц, уыдонæй фылдæр хай цæрынц Индийы ныгуылæны — Аравийы денджыз æмæ Пакистанимæ арæнмæ ’ввахс. Мингай дзурджытæ цæрынц Африкæйы (Танзани, Угандæ, Кени) æмæ АИШ-ы.

Гуджарати
Хином ગુજરાતી / gujarātī
Бæстæтæ Инди, Танзани, Угандæ, Кени, Пакистан, АИШ
Официалон статус Гуджарат
Дзурджыты нымæц 46 млн
Рейтинг 22
Статус Индийы официалон æвзæгтæй иу
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Индоариаг къорд
Хуссар-ныгуылæн дæлкъорд
Фыссынад гуджаратийы фыссынад
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 gu
ISO 639-2 guj
ISO 639-3 guj
ГОСТ 7.75–97 гуд 165
WALS guj
Ethnologue guj
Linguasphere 59-AAF-h
ABS ASCL 5202
IETF gu
Glottolog guja1252
Википеди ацы æвзагыл

Гуджаратаг æвзаг у штат Гуджараты официалон æвзаг.

Зындгонд индиаг политик Махатмæ Гандийы мадæлон æвзаг уыдис гуджаратаг.