Кени
Кени (суахили æмæ англ. Kenya) у Скæсæн Африкæйы паддзахад Индийы океаны былыл. Колони ма куы уыдис, йæ ном хуындис Британийы Скæсæны Африкæ, Кени та у бæстæйы астæу цы дынджыр хох лæууы, уый ном (кæс Кенийы цъупп, 5199 м).
| |||||
Девиз: «Harambee Баиу уæм» | |||||
Гимн: «Ee Mungu Nguvu Yetu О, сфæлдисæг Хуыцау» | |||||
Хæдбар сси | 1963-æм азы Стыр Британийæ | ||||
Æвзаг | англисаг, суахили | ||||
Сæйраг сахар | Найроби | ||||
Стырдæр сахартæ | Найроби | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Президент | Мваи Кибаки | ||||
Фæзуат | 580.367 км² | ||||
Доны процент | 2,3 | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2013) • Æнгомад |
44 037 656 ад. 65,1 ад./км² | ||||
ÆМП • Æдæппæт (2006) • Иу адæймагмæ |
дунейы 92-æм 41,36 млрд. $ 1200 $ | ||||
Валютæ | кениаг шиллинг | ||||
Интернет-домен | .ke | ||||
Телефонон код | +254 | ||||
Сахатон таг | +3 |
Кенийæгтæй 22 % цæрынц сахарты. Нæлгоймæгты 90 % æмæ сылгоймæгты 80 % зонынц кæсын æмæ фыссын (2003).
Сæ динмæ гæсгæ кенийæгты фылдæр хай сты чырыстон диныл хаст (протестанттæ 45 %, католиктæ 33 %), бæстæйы ис пысылмæттæ дæр (10 %) æмæ бынæттон динты уырнджытæ (10-12 %).
Истори
ивынУрсдзарм бритайнæгтæ æрцардысты Кенийы мидæг раны, кæцы зындгонд сси куыд Урс Уæлвæз (ныры Кенийы Центрон провинци, Найроби æмæ Кенийы цъуппы ’хсæн бæстæ). Урс фермерты нымæц хæццæ кодта 30 минмæ, уыдон фæхъæздыг сты къофи æмæ цай кæнынæй. 1950-тæм азты Мау-мауы растады фæстиуæгæн уыцы фермерты бахъуыдис бæстæйæ ацæуын.
Кенийы райгуырдис АИШ-ы президент Барак Обамайы фыд, уымæй кенийæгтæ тынг сæрыстыр сты. 2008-æм азы 4 ноябры уыдис уылæфæн бон Кенийы, цæмæй кенийаг адæм Обамайы президентады фæдыл бæрæгбон æрвитой.