Гуры паддзахадон педагогон университет

Гуры паддзахадон педагогон университет (гуырдз. გორის სახელმწიფო სასწავლო უნივერსიტეტი) у уæлдæр ахуырады уагдон Гуырдзыстоны сахар Гуры, фæзындис 2007-æм азы, Гуры паддзахадон университет æмæ Цхинвалы паддзахадон университет куы баиу кодтой, уæд (Гуырдзыстоны хицауады уынаффæ № 176, 2007 азы 22 августы)[1].

Гуры паддзахадон педагогон университет

Фæскавказы ахуыргæнджыты семинар байгом и Гуры 1876-æм азы 12 сентябры æмæ йæ кусыны бирæ азты дæргъы бацæттæ кодта бирæ зынгæ ахуыргæнæджы. Йæ рауагъдæтты ’хсæн Важа Пшавела, Михаил Цъинамдзгъвришвили, Иа Къаргаретели æмæ иннæтæ.

1935 азы байгом и дыууæазыккон педагогон институт, 1939-æм азæй хуындис Гуры паддзахадон педагогон институт, радтой ын гуырдзиаг поэт Никъолоз Бараташвилийы ном.

1985 азы Баратишвилийы номыл паддзахадон педагогон институт среорганизаци кодтой, æмæ уый сси Гуры паддзахадон экономикон институт, 1997-æм азæй та — Гуры паддзахадон экономикон-гуманитарон институт.

1999 азы 16 июлы уагдонæн радтой университеты статус.

Цхинвалы паддзахадон педагогон институты бындур та арæзт æрцыдис 1932-æм азы æмæ йæ фыццаг азы уыдис дзы æрмæст агробиологон факультет. Фæстæдæр æндæр факультеттæ дæр фæзындысты, 1961-æм азы уæды Сталиниры паддзахадон педагогон институт йæ ном аивта æмæ сси Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Уый уыдис Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы зонад æмæ ахуырады ахсджиаг артдзæст[2].

1991-æм азы Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстоны йæ æлдариуæг куы нал кодта, Цхивалы институты иу хай æрцæрын кодтой Гуры, кæд æмæ Цхинвалы дæр йæ иннæ хай дарддæр куыста, уæддæр. 2000 азы июны Гуырдзыстоны президенты барамындмæ гæсгæ (Гуры архайгæ) Цхинвалы педагогон институтæн радтой паддзахадон университеты статус[3].

2007-æм азы дыууæ ахуыргæнæндоны — Гуры паддзахадон университет æмæ Цхинвалы паддзахадон университет — баиу кодтой, уæдæй фæстæмæ иугонд уагдоны ном у Гуры паддзахадон педагогон университет.

Ныртæккæ университеты кусынц 299 адæймаджы, уагдонæн ис 7 ахуыры агъуыст, библиотекæ, спортивон фæзтæ, лабораторитæ æмæ а. д.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Энциклопедия «Грузия» том 2. — Тбилиси, 2012. — С. 120-121.
  2. История Юго-Осетинского государственного университета им. А.А. Тибилова.
  3. History of the University. Gori State Teaching University. Датæ: 2020-æм азы 20 декабры.