Гуыдиаты Илья
Гуыдиаты Александры фырт Илья (райгуырдис 1993-æм азы 27 апрелы) у Цæгат Ирыстоны хъæбысæйхæцæг, олимпаг резервы спортивон скъолайы грекъаг-ромаг хъæбысхæсты тренер. Уæрæсейы спорты мастер.
Гуыдиаты Илья | |
---|---|
Иумæйаг информаци | |
Æрд | нæлгоймаг[d] |
Æмбæстонад | |
Специализаци | хъæбысхæст[d] |
Райгуырды датæ | 1993-æм азы 27 апрелы (29 азы) |
2016-æм азы каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт, райста дзы физкультурæйы ахуыргæнæджы дæсныйад. Цы æрыгон спортсментæ хъомыл кæны, уыдон сæхи хорз æвдисынц æмæ Уæрæсейы турнирты исынц майдантæ[1].
Гуыдиаты Илья хорзæхджынгонд æрцыд Цæгат Ирыстон — Аланийы сæргълæууæджы Кады грамотæйæ (2020)[2].