Дæллаг Чегем (хъæр.-балхъ. Тёбен Чегем) у хъæу Кæсæг-Балхъары Чегемы районы. Дæллаг Чегемы муниципалон сырæзты иунæг цæрæгджын пункт.

Хъæу
Дæллаг Чегем
хъæр.-балхъ. Тёбен Чегем
43°26′39″ с. ш. 43°16′26″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Кæсæг-Балхъар
Муниципалон район Чегемы район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1886
Фæзуат
  • 66 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 1972[1] адæймаджы (2022)
Национ сконд балхъайрæгтæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86634
Посты индекстæ 361406
Дæллаг Чегем (Уæрæсе)
Дæллаг Чегем (Кæсæг-Балхъар)

Географион уавæр

ивын

Хъæу æрбынат кодта Чегемы районы централон хайы, Чегемы цæугæдоны дыууæ былыл дæр, Чегемы комы дæлвæзы. Сахар Чегемы централон районæй у 40 километры дæрддзæф, Налцыккæй та 45 километры.

Хъæууаты фæзуат у 66 км²-ы бæрц. Æмарæн кæны цæрæгджын пункты зæххытимæ — Хушто-Сырт хуссары ’рдыгæй æмæ Паддзахадон Хъæды фонды зæххытимæ скæсæны æмæ цæгат-скæсæны.

Хъæууат æрбынат ис республикæ хæххон зонæмæ цы ран хизы, уым. Йæ рельеф конд у хохы рæгъты хуызы — уыдон лæууынц хъæуы алыварс. Чегемы бæрзонддæр бынат у хох Ухраюк (1 798 м), уый æрбынат кодта хъæуы цæгаттаг фарсыл. Скæсæны ’рдыгæй та лæууынц Узунтула æмæ Джаллак.

Уалдзæджы-сæрды бæстыхъæд вæййы уымæл, фæззæджы-зымæджы та боныхъæд арæхдæр вæййы сур. Хъæуы рæстæмбис температурæ зымæджы вæййы +10-æй −15°С-мæ, сæрды — +20-æй +25°С-мæ.

Истори

ивын

Хъæуæн бындур æрæвæрдтой 1886-æм азы Чегемы комы бæрзæндтæй цы адæм ралыгъд, уыдон. 1935-æм азы Дæллаг Чегемы хъæусовет уыд Балхъайраг зылды хай. Стæй хъæусовет куы сыстыр, уæд æй баиу кодтой ногарæзт Чегемаг районимæ, хъæууат та равæзрдæуыд йæ районон центрæй.

Цалынмæ балхъайрæгты 1944-æм азы Астæуккаг Азимæ нæ ахастой, уæдмæ Чегемы комы районон центр уыд Дæллаг Чегемы. 1957-æм азы ССРЦ-йы Сæйраг Совет куы среабелитаци кодта балхъайрæгты, уæд раздæхтысты сæ раздæры цæрæн бынæттæм. Сæ раздæхты фæстæ райдыдтой архайын фосдарынады æмæ зæхгуысты.

Сæ адæмы хаттмæ гæсгæ дзы цæры

Адæмыхатт Нымæц,
адæм
Процент
балхъайрæгтæ 1 992 98,1 %
æндæр 2 0,1 %
нæ банысан кодтой 36 1,8 %
æдæппæт 2 030 100 %

Ахуырад

ивын
  • Астæуккаг скъола № 1 — Кулиевы уынг, 84
  • Рæвдауæндон

Æгæссад

ивын
  • Рынчындон

2006-æм азы дзы медицинон кусджытæ кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй æхгæд æрцыд. Фæлæ йæ хистæрты бадзырды руаджы фервæзын кодтой. Иу азы фæстæ рынчындоны схорзæх кодтой КБР-ы Æнæниздзинадхъахъхъæнынады Министрады кадджын грамотæйæ, 2008 æмæ 2009 æзты та районон хайады æнæниздзинадхъахъхъæнынады кадджын грамотатæй. Абон дзы кусы амбулатори æмæ стоматологион кабинет.

Культурæ

ивын
  • Культурæйы хæдзар, кафыны къорд æмæ библиотекæ.

Зындгонд адæм

ивын
  • Кулиев Кайсын Шуваевич — номдзыд балхъайраг поэт. Скъолайы рæстæджы цардис æмæ ахуыр кодта хъæуы Дæллаг Чегемы астæуккаг скъолайы.
  • Аккизов Якуб Алиевич — нывгæнæг, ССРЦ-йы нывгæнджыты цæдисы уæнг.
  • Мустафаев Магомет Шабазович — хирург, медицинон зонæдты доктор.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2022 года. Федеральная служба государственной статистики. Датæ: 2022-æм азы 26 апрелы.