Хушто-Сырт у хъæу Кæсæг-Балхъары Чегемы районы. Хъæууат Хушто-Сырты муниципалитеты сырæзты иунæг цæрæгджын пункт[2].

Хъæу
Хушто-Сырт
43°23′26″ с. ш. 43°12′13″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Кæсæг-Балхъар
Муниципалон район Чегемы район
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 26 км²
Центры бæрзæнд 1060 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 842[1] адæймаджы (2022)
Национ сконд балхъайрæгтæ
Дин пысылмæттæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86634
Посты индекстæ 361407
Хушто-Сырт (Уæрæсе)
Хушто-Сырт (Кæсæг-Балхъар)

Географион уавæр

ивын

Хъæу æрбынат кодта Чегемы районы централон хайы, Чегемы цæугæдоны рахиз былыл, Чегемы комы дæлвæзы. Сахар Чегемы централон районæй у 50 километры дæрддзæф, Налцыччы сахарæй та 55 километры. Хъæууаты фæзуат у 26 км²-ы бæрц. Æмарæн кæны цæрæгджын пункты зæххытимæ — Дæллаг Чегемимæ цæгаты ’рдыгæй.

Цæрæгджын пункт æрбынат кодта республкæйы хæххон зонæйы. Йæ рельеф конд у хохы рæгъты хуызы — уыдон лæууынц хъæуы алыварс. Хъæууаты бæрзонддæр бынат у хох Чаты-баши, уый лæууы хъæуæн йæ хуссар-скæсæны ’рдыгæй. Хъæуæн йæ ныгуылæны ’рдынæй цæуы Качкорташы рагъ æмном хохимæ. Уыцы хохы бæрзæнд у 2 075 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр.

Хъæуæй 3 километры дарддзæгыл хуссары ’рдыгæй æрбынат кодтой Чегемы æхсæрдзæнтæ, кæдон сты республикæйы иууыл популярондæр туристон бынæттæ.

Бæстыхъæд у рæстæмбис континенталон. Сæрд у уазалгомау, йæ рæстæмбис температурæ +20...+25°С, зымæг уазал, температурæ арæх æрхауы -10...−15°С бындæр. Фыццаг сæлдтытæ райдайынц октябры райдайæны.

Истори

ивын

Хъæуы истори райдайы XIX æнусы райдайæны. Бындур йын æрæвæрдтой Чегемы комы бæрзонддæр бынæттæй цы адæм ралыгъд, уыдон

1935-æм азы онг Хушто-Сырты хъæусовет уыд Балхъары зылды хай. Уый фæстæ хъæусовет куы сыстыр, уæд æй баиу кодтой ногарæзт Чегемаг районимæ.

1944-æм азы балхъайрæгты ахастой Астæуккаг Азимæ. Хъæу 13 азы дæргъы уыд æвæгæс. 1957-æм азы сæ ССРЦ-йы Сæйраг Совет куы среабелитаци кодта, уæд сын радтой бар цæмæй раздæхой сæ цæрæнбынæттæм. 1962-æм азы Хушто-Сырты рацарæзтгонд хъæуæн раздахтой Чегемы районы хъæууаты статус.

Сæ адæмы хатмæ гæсгæ дзы цæры

Адæмыхатт Нымæц,
адæм.
Процент, %
балхъайрæгтæ 858 99,0 %
æндæр 9 1,0 %
æдæппæт 867 100 %

Бынæттон хиуынаффæйад

ивын

Хъæууаты бынæттон хиуынаффæйады структурæ арæзтæуы:

  • Хъæууаты сæрдар — Гижгиев Ескендер Хажмусы фырт.
  • Хушто-Сырты хъæууаты администраци — фондз адæймагæй конд.
  • Хушто-Сырты хъæууаты бынæттон хиуынаффæйады — 11 депутататæй конд.

Инфраструктурæ

ивын

Хъæуы ис иу астæуккаг-ахуырадон скъола. Уымæй уæлдай ма дзы ис Культурæйы хæдзар æмæ мæзджыт.

Медицинон пункт дзы нæй, уый аххосæй хъæуы цæрджытæ цæуынц Дæллаг Чегемы рынчындомæ æви Чегемы сахары районон рынчындонмæ.

Экономикæ

ивын

Æфтиаджы фылдæр хай исынц туризмы руаджы. Хъæуы цур уæвынц Чегемы æхсæрдзæнтæ, уырдæм бацæуынц мингай туристы.

Фиппаинæгтæ

ивын