Дави́д Ана́хт (сом. Դավիթ Անհաղթ, Давид Æнæбасæттон; райгуырдис V-æм æнусы кæрон века — амардис VI-æм æнусы фыццаг æмбис) — сомихаг философ-неоплатоник, Александрийы неоплатонизмы скъолайы минæвар[1].

Давид Анахт
Դավիթ Անհաղթ
Давид Анахт XIII-æм æнусы къухфыстыл
Давид Анахт XIII-æм æнусы къухфыстыл
Райгуырды датæ VI æнус
Райгуырæны бынат Ныгуылæны Сомих
Мæлæты датæ VI æнус
Мæлæты бынат Цæгат Сомих
Зонады къабаз философи[d], гносеологи[d], эпистемологи[d], логикæ[d] æмæ дины философи[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа
Советон Цæдисы посты маркæ, 1980-æм аз: сомихаг философ Анахтыл 1500 азы сæххæстыл

Философон архайад

ивын

Давид Анахт ахуыр кодта Александрияйы неоплатоник Олимпиодормæ.

Æнæбастæтгæйы фæсномыг райста, æдзух иу философон быцæуты кæй рамбылдта, уый тыххæй. Философион архайд кодта Византийы, асджын кары раздæхтис Сомихмæ. Амардис Цæгат Сомихы. Йæ уацмыстæ баззадысты сомихаг æмæ бердзенаг æвзæгтыл.

Давид Анахты философи фыст у æртæ уацмысы: «Философийы бæрæггæнæнтæ», «Порфирийы „Баконды“ анализ», «Аристотелы "Категориты" райхæлд», «Аристотелы "Аналитикты" райхæлд». Æмиу кæны классикон платонизм Аристотель æмæ Пифагоры ахуырады элементтимæ. Йæ куыстыты фыссы бирæ философон фарстыты тыххæй: æрдзы æмæ философон зонады нысангонд, адæймаджы фæрæзтыл дунейы хаттæны æмæ æнд.

Трактат «Философийы бæрæггæнæнтæ»

ивын

Иуыл зындгонд Давид Анахты куыстытæй у «Философийы бæрæггæнæнтæ». Уыцы трактаты Давид лæууы скептицизм æмæ релятивизмы ныхмæ, тох кæны философон хъæуыдыйы нысаныл æмæ аргъадыл. Философи дих кодта теоретиконыл æмæ практиконыл. Теоретикон философийы райдиан у уды хаттæны фæрæз. Практикон философи та теоретикон философийы бындурыл хъуамæ адæмты уд æрбакæна хæрзуагдзинадмæ.

Мысæн

ивын
  • 1980-æм азы, ЮНЕСКО-йы уынаффæмæ гæсгæ, нысангонд æрцыд Давид Анахты 150-аздзыд юбилей.
  • Уыцы азы рауагътой посты маркæ Давид Анахты номыл.
  • Давид Анахты номæй схуыдтой сахар Ереваны Канакер-Зейтуны административон районы сæйраг уынгтæй, иу.[2]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Д. Анахт / — Большая советская энциклопедия : [в 30 т.] / гл. ред. А. М. Прохоров. — 3-е изд. — М. : Советская энциклопедия, 1969—1978
  2. Улица Давида Анахта в городе Ереван. Датæ: 2021-æм азы 5 мартъийы.

Уацмыстæ

ивын
  • «Толкование „Аналитики“ Аристотеля», пер. с древнеармянского С. С. Аревшатяна. Ереван, 1967.
  • «Определения философии», пер. с древнеармянского, предисловие и комментарии С. С. Аревшатяна. Ереван, 1960.
  • «Анализ „Введения“ Порфирия».

Æрвитæнтæ

ивын