Дарбинян, Армен Размичы фырт
Арме́н Размичы фырт Дарбиня́н (сом. Արմեն Ռազմիկի Դարբինյան; райгуырдис 1965-æм азы 23 январы Ленинаканы, Сомихы ССР, ССРЦ) — сомихаг политикон æмæ паддзахадон архайæг, Республикæ Сомихыстоны Национ зонадон академийы уæнг, экономикæйы зонæдты доктор, профессор.
Армен Размичы фырт Дарбинян | |
---|---|
сом. Արմեն Ռազմիկի Դարբինյան | |
Сомихы 7-æм премьер-министр[1]
|
|
1998 — 1999 | |
Президент | Роберт Кочарян |
Раздæр чи уыд | Роберт Кочарян |
Фæстæдæр | Вазген Завены фырт Саркисян |
1999 азы июнь — 1999 азы ноябрь | |
Хицауады Сæрдар | Вазген Завены фырт Саркисян |
Президент | Роберт Кочарян |
Раздæр чи уыд | Эдуард Мартины фырт Сандоян |
Фæстæдæр | Вардан Жорайы фырт Хачатрян |
1997 азы май — 1998 азы апрель | |
Хицауады Сæрдар | Роберт Кочарян |
Президент | Левон Акопы фырт Тер-Петросян |
Раздæр чи уыд | Левон Владимиры фырт Бархударян |
Фæстæдæр | Эдуард Мартины фырт Сандоян |
Райгуырдис |
1965-æм азы 23 январы (59 азы) |
Ахуырад | Мæскуыйы Паддзахадон Университет М. В. Ломоносовы номыл |
Ахуырадон къæпхæн | экономикон зонæдты доктор[d] |
Професси | экономист |
Архайд | политик, зонады архайæг, ахуырады организатор |
Хорзæхтæ | |
Кæм куыста | Уæрæсе-сомихаг университет (ректор) |
Викикъæбицы медиа |
«Экономикæ æмæ транзиты цы бæстæтæ ис, уыдоны политикæ»-йы курсы автор; ÆФВ (Æхсæнадæмон Валютон Фонд) æмæ ÆБ-йы сæйраг эксперт экономикон реформæты æмæ æхсæнадæмон финансты хайады; паддзахадон хорзæхы кавалер, майдантæ; Мовсес Хоренацийы номыл — бирæазон æмæ намысджын куысты тыххæй Сомихы хæдбардзинад расидыны 18 афæдзы боныл æмæ Хæлардзинады Орден УФ-хæлардзинады æмæ нациты æмгуыстады фидаркæныны цы стыр бавæрд бакодта, уый тыххæй. Йæ бæрзонд æнтыстыты тыххæй экономикæйы æмæ Уæрæсейы зонадон потенциалы рарæзты, дыууæ паддзахады ’хсæн сабырдзинад æмæ хæлардарæг ахастытæ сфидар кæныны хъуыддагмæ хайбавæрды тыххæй. Уæрæсе-Сомихаг университеты бындурæвæрды 20 афæдзы боныл профессор Армен Дарбиняны схорзæхджын кодтой фыццаг къæпхæны Орденæй “За заслуги перед Отечеством”.
1981—1986-æм æзты ахуыр кодта æмæ фæци экономикон факультет М.В. Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты.
1986—1989-æм æзты — МПУ-йы аспирант. Экономикон зонæдты кандидат.
1989—1991-æм æзты — «финанстæ ’мæ кредиты» кафедрайы ассистент МПУ-йы экономикон факультеты.
1989—1992-æм æзты — Сомихы минæварад Мæскуыйы, экономикон хайады специалист, стæй управленийы сæрдары хæдивæг, экономикон политикæйы управленийы сæрдар. Республикæ Сомихыстоны æххæстбарджын минæвар Мидпаддзахадон комиссийы ССРЦ-йы æддагон хæс снывыл кæныны тыххæй.
1992—1994-æм æзты — æддагон базарад «Армениторгы» Сомихаг цæдисы генералон сæрдар.
1994—1997-æм æзты — Сомихы Централон Банчы сæрдары фыццаг хæдивæг. Республикæ Сомихыстоны банчы закъондæттынады æмæ нормативон бакасты банчы архайады фæдыл концепцийы автортæй сæ иу.
1997—1998-æм æзты — Сомихы финансты æмæ экономикæйы министр.
1998—1999-æм æзты — Сомихы премьер-министр.
Йæ разамынды рæстæджы сарæзтауыд Сомихы нæуæг æмбæстагон кодекс. Зындгонд уыд куыд эффективон менеджер æмæ реформаторты командæйы лидер.
1999 (июнь)—2000 (февраль) æзты — Сомихы экономикæйы министр.
2000-æм азæй — Уæрæсе-Сомихы университеты æмсæрдариуæг æмæ «Адæймаджы рарæзты æхсæнадæмон центры» сæрдар (Ереван).
2001-æм азæй — Уæрæсе-Сомихы паддзахадон университеты ректор.
2005-æм азы бахъхъахъæдта докторон диссертаци «Мæскуыйы Экономикон рарæзты модель: Сомихы равзæрст»-ы темæйыл[2].
2006-æм азæй — Уæрæсейы æхсæнадæмон информацийы агенство«РИА Новости»- йы экспертон уынæффæйы уæнг.
Хорзæхтæ
ивын- Орден «За заслуги перед Отечеством» 1-аг къæпхæны (2017-æм азы 7 сентябры) — Сомих-Уырысы университеты бындурæвæрдыл 20 афæдзы боныл йæ бавæрды тыххæй зонады æмæ ахуырады.
- Мовсес Хоренацийы майдан (2009-æм азы 18 сентябры) — бирæазон æмæ намысджын куысты тыххæй Сомихы хæдбардзинады расидыны 18 афæдзы боныл.
- Хæлардзинады орден (2010-æм азы 29 июны, Уæрæсе) — хæлардзинады æмæ нациты æмгуыстады фидаркæныны цы стыр бавæрд бакодта, уый тыххæй.
- Майдан «За заслуги перед Калининградской областью» (2009-æм азы 3 ноябры).
- Майдан Ф.Нансены номыл (2005 аз).
- Майдан «Ахуырады æмæ зонады Министрад» (2006-æм аз).
- Æхсæнадæмон хорзæх Сократы номыл (Оксфорды университет, 2006-æм азы 12 мартъийы).
- Нымад æрцыд «афæдзы æвзонг адæймагыл» (1998-æм азы)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Республикæ Сомихстоны Хицауады официалон сайт
- ↑ Биографи Университеты сайтыл(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 10 октябры. Архив 2017-æм азы 28 мартъийы.
Æрвитæнтæ
ивын- Армен Размичы фырт Дарбиняны профиль РС-йы Зонадон академийы
- Биографи Университеты сайтыл Архивгонд æрцыдис 28 мартъийы 2017 азы.
- Республикæ Сомихстоны Паддзахады официалон сайт
- Уырыссаг æмæ украинаг диссертациты бибилоткæйы каталог Архивгонд æрцыдис 11 октябры 2010 азы.
- РС-йы Президенты бадзырд
- РС-йы Президенты бадзырд
- Калининграды Губернаторы бадзырд 2009-æм азы 3 ноябры.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)