Дже́ки Чан (кит. 成龍, англ. Jackie Chan, райгуырдис 1954-æм азы 7 апрелы Гонконджы) у гонконгаг æмæ америкæйаг актёр, каскадёр, кинорежиссёр, продюссер, сценарист, трюктæ æмæ хылон сценæты æвæрæг, зарæггæнæг, филантроп, ЮНИСЕФы хæрзбары минæвар.

Джеки Чан
англ. Jackie Chan
кит. 成龍
кит. 陳元龍
кит. 房仕龍
юэ 成龍
Гуырæн ном кит. 陳港生
Райгуырды датæ 1954-æм азы 7 апрелы(1954-04-07)[1][2][…] (70 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад
Професси киноактёр, кинопродюсер, сценарист, каскадёр, кинорежиссёр, хореограф, дзюдоист, тхэквондист
Карьерæ 1962
Здæхт комеди, боевик[d], драмæ[d], тохы дæсныйæдтæ[d], cantopop[d], mandopop[d], Hong Kong English pop[d] æмæ J-pop[d]
IMDb ID 0000329
jackiechan.com(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Чан у дунейы боевик-киноты популарондæр геройтæн сæ иу, номдзыд у йæ акробатон-хылон стилæй, комедион курдиатæй æмæ ма алыхуызон «къухтæм бахаугæ» дзаумæттæй спайда кæнынæй, хылгæнгæйæ. 100 кинойæ фылдæры ахъазыд сæйраг ролты æмæ у дунейы номдзыддæр азиаг актёртыл нымад, бæгуыдæр.

Киноты йеддæмæ ма зарæггæнæджы карьерæ дæр æххæст кæны — зары йæхи киноты зарджытæ æмæ сæ албомты рауадзы 1980-æм азтæй фæстæмæ.

Чан у Бритайнаг империйы ордены кавалер.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Jackie Chan // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. Jackie Chan // filmportal.de — 2005.
  3. Internet Movie Database (англ.) — 1990.
  4. MyDramaList (англ.) — 2011.