Джусойтæ (уырыс. Джусоевы, гуырдз. ჯუსოშვილი[1]) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Джусойты фыдæлтæ Цæразонтæй уыдысты, цардысты Уæллаг Зæрæмæджы. Иу рæстæджы, уыдаид XVII æнусы кæрон, Джусойты фыдæл Хъайтмаз йæ фырттæм цæуылдæр тынг смæсты, лæбурдта сæм кардæй. Æфсымæртæ фæхæрам сты сæ фыдмæ æмæ фæлыгъдысты урдыгæй. Сæ иу, Бисолтан, алыгъд Зæрæмæгæй, Мамысонгомыл ацыд, Згъил æмæ Хъеуселты астæу цы æфцæг ис, ууылты ныххызт Дзедойы коммæ æмæ уым Стырмæсыджы æрбынат кодта. Бæрæг куыд у, афтæмæй Бисолтанæн йæ фыды хæдзары уыд ус, фæлæ цы фæци, уый бæрæг нæй. Уыцы усæн Бисолтанæй уыд фырт — Дзиго æмæ йæ Бисолтан Стырмæсыгмæ йемæ æрхаста. Фæстæдæр дзы Дзигойты мыггаг рацыд. Цасдæры фæстæ дыккаг ус æрхаста æмæ сын райгуырд æртæ фырты — Хъæцмæз, Тъури æмæ Джус.

Бисолтан йæ цардæй нæ хъаст кодта. Цуан кодта æмæ йæ бинонты сырды фыдæй хаста. Лæппуттæ бахъомыл сты æмæ бинонты кой бакодтой. Самадтой сæхицæн мæсгуытæ. Рацыд сын зæнæг. Джусæн фæдфæдыл райгуырд цыппар фырты — Сио, Хылæу æмæ Еба. Цыппæрæм æфсымæр æрыгонæй амард æмæ йæ ном бæрæг нæу, фæлæ йын баззад ус Жаже æмæ сывæллæттæ.

Æфсымæртæ куы байуæрстой, уæд нæ идæдз ма фæтыхса, зæгъгæ, тæккæ дзаджджындæр хæйттæ уымæн радтой. Къобеты хъæу æнæхъæнæй Жажемæ ’рхаудта. Æнæлæг хæдзарæй уыййас ничи аргъуц кæны. Жажейæн йæ сывæллæттæ нæма бахъомыл сты. Уыййас зæххытæ кусыныл не ’ххæссыд æмæ йын Багатæ, стæй æндæр мыггæгтæ йæ зæххы дзæбæхдæр хæйттæ сæхи сабыргай бакодтой. Жажейы сывæллæттæ бахъомыл сты. Цæргæ хæдзарвæндаг сæ рауад. Арæх сæм уыд алырæттæй уазджытæ, бæркадджын фысым уыдысты хъæубæстæн дæр кæддæриддæр. Хæдзары хистæр сылгоймаг кæй уыд, уымæгæсгæ Жажетæм цы адæм цыд, уыдонæн сæ ныхас уыд «Жажетæм цæуын», кæнæ «Жажетæй цæуын» æмæ афтæ рауад сылгоймаджы номæй Жажиты мыггаг.

Уыцы рæстæгмæ иннæ ’фсымæртæ — Сио, Хылæу æмæ Еба устытæ ’рхастой. Сæхицæн самадтой мæсгуытæ æмæ сæ арцардысты. Ныртæккæ дæр ма сæ мæсгуытæ хæлдтытæй уым сты.

Сиойæн рацыд цыппар фырты — Дзапар, Ростъом, Тъето æмæ Сохи. Хылæуы фырттæ уыдысты Бола, Хана, Лыуа, Черчела æмæ Хадже. Ебайæн дыууæ фырты йеддæмæ нæ рацыд — Гуыдза æмæ Лопа. Лопа хæрз æрыгонæй хуыздæр цардагур Гуырдзыстонмæ афтыд æмæ уым цæргæйæ баззад. Йæ мыггаг ныффыста Джусишвили. Фæстæдæр бынтондæр батадысты гуырдзыйы ’хсæн. Йæ байзæддагæй ма абон чидæртæ фыссынц Гусойтæй. Сиойы фырт Ростъомæн уыд æртæ фырты — Тох, Чекъо æмæ Ноно. Дзапары фырттæ уыдысты Хитор, Чешо æмæ Къæне. Тъетойæн — Болатыхъо, Жота, Писыр æмæ Сохи. Сохи æрыгонæй амард æмæ йын иу фырт Гокк йеддæмæ нæ баззад. Фæлæ уымæн рацыд авд фырты: Хъараман, Кудза, Хъыбыл, Бурдзим, Саулæг, Сачино æмæ Къакъо.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд

Литературæ ивын