Багатæн се ’рвадæлтæ сты Тотратæ, Джергатæ æмæ Гамахартæ

Багатæ (уырыс. Багаевы, гуырдз. ბაგაშვილი, ბაგაური[1]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Багатæ цардысты Уæлладжыры комы Цъамады. Уырдыгæй алыгъдысты Туалгоммæ, Тибы хъæумæ. Багайæн уыд дыууæ æфсымæры — Джерга æмæ Гамæхар. Уыдон дæр зæххы фæдыл бафтыдысты Тибмæ. Уырдыгæй фыдыфыртгай ахаудтой Хуссар Ирмæ Бага æмæ Джергайы цотæй иутæ. Гамæхартæ, Тибæй алыгъдысты Дыгурмæ, цæрынц Урсдоны хъæуы. Тибы Багатæй иу, Тотыр, алыгъд Куырттаты коммæ, æмæ уымæй рацыд Дæллагхъæуы Тотыраты мыггаг. Уымы Тотыратæй афтгæ сты Хуссар Иры Стыр Леуахийы былыл цæрæг Тотыратæ дæр. Афтæмæй Багатæ, Джергатæ, Гамæхартæ æмæ Тотыратæ сты æрвадæлтæ. Хуссар Иры Багатæ раздæр æрцардысты Хъемултайы, уырдыгæй æндæр рæттæм фæлыгъдысты. Тибæй семæ рахастой сæ кувæндон — Батлоны кувæндон. Раздæр Багатæ куывтой авд зæдæн. Бæгæны фыхтой авд цуайнаджы, куывды дæр бадтысты авд боны. Хистæр æфсымæр уыд Бага, кæстæр та Джерга. Хъемултайы коммæ æрцыдысты Замтаретæй æмæ æрцардысты цалдæр хъæуы: Сæриттаты, Елхъанты хъæуы, Хъемулта æмæ Сæгъраты.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Æрвитæнтæ ивын