Цæразонтæ сты рагон ирон мыггæгтæй иу.

Этимологи

ивын

Цæразонты комы равзæрд бæттынц Ромы Цезæртимæ. Уый фидарæй равдыста Абайты Васо йæ зонадон уац «Происхождение осетинских фамильных имен СÆRAZONTÆ и ÆGHUZATÆ»-йы æмæ скæны хатдзæг:

 

«Итак, с лингвистической стороны возведение фамильного имени Cærason к Cæsaron и в конечном счете к латинскому CAESAR не может вызвать сомнений, но вопрос имеет помимо, лингвистического, еще и исторический аспект. Когда и в какой исторической ситуации в определенных кругах осетинской знати могла появиться претензия на родство с Цезарями?»

 

Истори

ивын

Цæразонтæ уыдысты Ос-Бæгъатыры хистæр фырт Цæразоны цæуæт. Цæразоны цæуæт цардысты Æрыдоны уæллаг фарс. Ардæм хаудтой Къасарагом, Зæрæмæг, Нузал. Цæразонты уыдысты хъæутæ: Бад, Къора, Нæзыджын, Нузал, Амасин, Ход, Зджыд. Таурæгъмæ гæсгæ, Нæзыджыны цардысты Цæразонтæй æртæ æфсымæры: Мзок, Хъупе æмæ Челд. Челд алыгъд Мамысоны коммæ æмæ уым Згъилы цард. Цæразонтæн сæ кувæндон Нузалы уыд.[1]

Мыггæгтæ

ивын

Абойтæ, Абочитæ, Алæджыхъотæ, Алихантæ, Асатæ, Æфсæнтæ, Бирæгътæ, Битойтæ, Гамазтæ, Гæззатæ, Гуыбатæ, Доцитæ, Джусойтæ, Дзигойтæ, Дзитойтæ, Дзусатæ, Жажитæ, Елойтæ, Дзасохтæ, Зандартæ, Куыдзæгтæ, Кобегкатæ, Къæбултæ, Къзойтæ, Лæппынæгтæ, Магкатæ, Мамитæ, Мамытатæ, Моргуатæ, Мзоктæ, Мыртазтæ, Ногъайтæ, Реуазтæ, Сататæ, Сихъотæ, Сепойтæ, Таугазтæ, Тархантæ, Тегкатæ, Текъотæ, Тотитæ, Тыджытæ, Туатæ, Тъуритæ, Уырымтæ, Хадатæ, Хапсæтæ, Хаситæ, Хæбæлатæ, Хетæгкатæ, Хосонтæ, Хуырымтæ, Хъайтмазтæ, Хъæцмæзтæ, Хъæцлæутæ, Хъуппетæ, Хъыбызтæ, Чеметæ, Чехойтæ, Челдытæ, Цуцитæ, Цоцитæ.[2]


Кæс ноджы

ивын

Литературæ

ивын
  • Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 ф.
  • «Происхождение осетинских фамильных имен СÆRAZONTÆ и ÆGHUZATÆ» // В.И. Абаев Избранные труды. - Владикавказ,Издательство «Ир» 1990 г.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 30-æм ф.