Джусойты Марат
Джусойты Леуаны фырт Марат (райгуырдис 1959-æм азы, Тарскæйы) у ирон поэт æмæ журналист.
Цардафыст
ивынМарат райгуырдис Цæгат Ирыстоны Тарскæйы хъæуы. Каст фæцис астæуккаг скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультеты ирон-уырыссаг хайад. Куыста газеттæ «Рæстдзинад», «Молодой коммунист», «Стыр Ныхас», «Айдæн-Зеркало»-йы редакциты. Ныртæккæ та кусы газет «Пульс Осетии»-йы.
Марат литературон куыстыл фæцалх ивгъуыд æнусы 70-æм азты кæрон. 1984-æм азы Дзæуджыхъæуы рацыдис æмдзæвгæты чиныг «Цъæх райсомтæ». Уыдис ын фараст авторы, уыдонимæ — Джусойты Марат дæр. Поэты æмдзæвгæтæ ма бакæсæн ис, «Æмзæл зарæг», зæгъгæ, уыцы поэтикон æмбырдгонды (чиныгуадзæн «Ир», 1986). Мараты уацмыстæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1991-æм азы Дзæуджыхъæуы, «Æхсидавы рухс», зæгъгæ, ахæм номимæ.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012