Джусойты Нафи
Джусойты Григорийы фырт Нафи́ (райгуырдис 1925-æм азы 27 февралы Ногхъæуы (Арашендайы)[2][3][4], амардис 2017-æм азы 26 июны Дзæуджыхъæуы) уыди ирон фыссæг, филологион зонæдты доктор. Цардис Цхинвалы, 50 азæй фылдæр куыста Зонад-иртасæн институты.
Джусойты Нафи | |
---|---|
Гуырæн ном | Джусойты Григорийы фырт Нафи |
Райгуырды датæ | 1925-æм азы 27 февралы[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2017-æм азы 26 июны (92 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад |
Советон Цæдис Уæрæсе Хуссар Ирыстон |
Архайды хуыз | фыссæг, поэт |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Хорзæхтæ |
Цардафыст
ивынДжусойты Нафи райгуырдис 1925-æм азы 27 февралы Къуыдаргомы, Ногхъæуы ныры Дзауы районы.
Райдиан скъола каст фæцис хъæу Кæсагджыны, астæуккаг скъола та – Кировы 1941 азы 20 июны.
1941 азы 22 июны куы райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, уымæй иу мæй рацыдис, афтæ 24 июлы Нафи барвæндæй ацыдис Сырх Æфсадмæ.
Советон Æфсады рæнхъытæй демобилизацигонд æрцыдис 1945 азы ноябры кæрон. 1945 азы 25 декабры куысын райдыдта Хуссар Ирыстоны Компартийы Обкомы кадрты куысты фæдыл инструкторæй. Фæкуыста дзы 1947 азы мартъийы мæймæ, стæй нысангонд æрцыд облæсты газет «Коммунист»-ы цензорæй æмæ дзы аззади растдæр дыууæ азы, стæй йæ сфидар кодтой Гуырдзыстоны ССР Компартийы газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй Хуссар Ирыстоны. Ам фæкуыста 1949 азы ноябрьмæ, уый фæстæ райдыдта ахуыр кæнын ССРЦ Зонадон Академийы Уырыссаг литературæйы институты (Пушкины хæдзары) аспирантурæйы. Каст æй фæци 1953 азы декабры. Бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци (темæ: «Проблема Кавказа в русской литературе и в творчестве К. Хетагурова») 1953 азы ноябры фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ. 1954 азы 15 февралы йæ сфидар кодтой Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты ирон фольклор æмæ литературæйы хайады сæргълæууæгæй, æмæ уæдæй йæ амæлæтмæ куыста уыцы бынаты.
1968 азы декабры Джусойты Нафи бахъахъхъæдта докторы диссертации («История осетинской литературы дореволюционного периода») Мæскуыйы Максим Горькийы номыл дунеон литературæйы институты. 1988 азы æвзæрст æрцыдис Гуырдзыстоны Зонæдты Академийы уæнг–уацхæссæгæй, фæлæ 1990 азы рацыдис уыцы Академийæ, Гуырдзыстон гæрзифтонг фыдгæнджыты Хуссар Ирыстонмæ бырсыныл кæй ардыдта, уый тыххæй.
Джусойты Нафи у ССРЦ-ы фысджыты Цæдисы уæнг 1955 азæй, Литературон критикты дунеон Ассоциацийы (МАЛК) уæнг 1970 азæй, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат 1978 азæй æмæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фыссæг 1995 азæй. 1984 азы йын йæ литературон сфæлдыстады тыххæй лæвæрд æрцыдис «Кады нысаны» орден.
Сфæлдыстад
ивынДжусойты Нафи у ахæм поэтикон æмбырдгæндты автор: «Салдаты зæрдæ» (1944), «Зæрдæты ныхас» (1952), «Лирикæ» (1955), «Ирыстоны сагъæсты чиныг» (1958), «Æз райгуырдтæн хохы» (1960), «Зын кары» (1962), «Æнæном чиныг» (1967), «Сабыр ныхæстæ» (1973), «Изæры рухс» (1988). Нафийæн прозæйы уагъд æрцыд цалдæр чиныджы: «Фыдæлты туг» (1965), «Цардивæны» (1968), «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн» (1972), «Адæймаджы мæлæт» (1976), «Сырдоны цæссыгтæ» (1978), «Залты мит» (1989).
Йæ литературон-критикон уацтæй иуæй-иутæ рацыдысты хицæн чингуытæй: «Ирон аив дзырды сæрвæлтау» (1965), «Книга друзей» (2003).
Нафийы зонадон-иртасæн куыстытæ бирæ сты, фæлæ хицæн чингуытæй рацыд мыхуыры цалдæр монографийы: «Коста Хетагуров» (1958), «Сека Гадиев» (1958), «Елбаздуко Бритаев» (1963), «Арсен Коцоев» (1964), «Цомак Гадиев» (1965), «Александр Кубалов», «Гино Бараков», «Созур Баграев», «Нигер» (1992), «Грис Плиев» æмæ æндæртæ. Мыхуыры рацыдис дыууæ томæй «История дореволюционной осетинской литературы», «Советон ирон литературæйы истори»-йы дыууæ томы æмæ монографи «Ирон романы равзæрд».
Нафи бирæ фæкуыста аивадон тæлмацы хъуыддаджы. Йæ тæлмацтæ мыхуырæй цыдысты ирон периодикæйы æмæ хицæн чингуытæй дæр: Пушкины роман «Евгений Онегин», Тютчевы æмдзæвгæтæ, А. Сурковы стихтæ, Туманяны, Д. Гулиайы æмæ Кулиев Хъайсыны æмдзæвгæты чингуытæ.
Нафийæн йæхи уацмыстæ дæр ивд цыдысты бирæ адæмты æвзæгтæм. Уырыссагау йын рацыд цыппар чиныджы, гуырдзиагау – æртæ, украинагау – дыууæ, иу – польшæйагау, иу та хъазахаг æвзагыл.
Бирæ уацмыстæ раивта Нафи ирон театрæн: Шекспиры трагедитæ – «Макбет», «Юлий Цезарь», «Укрощение строптивой», Шиллеры «Мария Стюарт», Ибсены «Пьер Гюнт», Софоклы «Царь Эдип» æмæ «Антигона», Толстойы «Удæгасæй мард», Чеховы «Дядя Ваня», Мустай Каримы «В ночь лунного затмения», Марцини Кивичусы «Миндаугас» æмæ æндæртæ.
2005 аз Нафийы 80-азон юбилей цытджын æгъдауæй сбæрæг чындис Цхинвалы.
2005-æм азы 21 октябры Джусойты Нафи фыццаг хатт базонгæ ис ирон Википедиимæ æмæ баххуыс кодта энциклопедийыл архайджытæн йæ мидисджын фиппаинæгтæй.
Æддаг æрмæг
ивын- Джусойты Нафийы интервью Архивгонд æрцыдис 20 мартъийы 2005 азы. (сывæллæтты журнал «Арвырон», Хуссар Ирыстон)
Æрвитæнтæ
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ Джусойты Нафи Григорьевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Хъазиты Мелитон. Нафи — Дзæуджыхъæу — Цхинвал: Цыкура, 2015 — 376 ф.
- ↑ Журнал «Мах дуг», 2017 аз, №7, 139-æм фарс
- ↑ Плиты Г.Г. — Фæлтæртæ æмæ азтæ. — Цхинвал, РХИ Мыхуыры хæдзар, 2011.