Дзæгъиатæ[1] (уырыс. Джагаевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Таурæгъмæ гæсгæ, Дзæгъиатæ раздæр цардысты Цæгат Ирыстоны Холыстыхъæуы. Уырдыгæй, дам, æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ Бæгъиаты коммæ, Урсдзуары хъæумæ. Урсдзуарæй та алыгъдысты Сазелеты хъæумæ (ис Дзауы районы). Ацы бынаты Дзæгъиатæ уыдысты царды хæрзиуджытæй æххæст. Фæлæ, дам, иу рæстæджы æлдар йæ фæсдзæуинтимæ хъалон исынмæ бацыд ацы хъæумæ. Алчи йын йæ домæнтæ нæ æххæст кодта. Дзæгъиатæ æлдары фæсдзæуинтæй амардтой дыууæйы. Сазелеты сын цæрæн нал уыд, æмæ уырдыгæй фæлыгъдысты æндæр рæттæм. Сæ иу хай алыгъд Бендерыхъæумæ. Сазелетæй куы ралыгъдысты, уæд, дам, семæ рахастой къæртайы æхсыр. Бендеры уæд цæрæг нæма уыд. Æхсыр, дам, ацы бынаты бацахст æмæ, дам, хистæртæ, уый куы федтой, уæд загътой, зæгъгæ, дам, нын Хуыцау ацы бынат радта цæрынæн. Ахæм хуызы æрцардысты Дзæгъиатæ Бендеры.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.