Дзæуджыхъæуы трамвай

Дзæуджыхъæуы трамвайы фыццаг хахх скуыста 1904-æм азы 16 августы[1][2].

Дзæуджыхъæуы трамвай
Тип Трамвайон системæ
Ран Дзæуджыхъæу, Цæгат Ирыстон
Бындурæвæрд 1904-æм азы 6 августы
Маршрутты нымæц 8
Дæргъ 46,5 км
Wikimedia Commons Дзæуджыхъæуы трамвай

1913-æм азмæ фæндаджы дæргъ схæццæ 12,5 километрмæ. Транспортон куыстуаты уыд 24 вагоны, уыдонæй 19 — моторджын[3].

Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы трамвайы фæндагæн йæ дæргъ у 27,8 км. Хæххытыл кусынц 66 вагоны, уыдонæй ногдæр сты, раздæр скæсæйнаг Германы чи куыстой, уыцы Татра-4Д модельтæ. Уыдонæй 8 сты Лейпцигæй (æрбаластой сæ 1996-æм азы), иу — Шверинæй, иу — Хемницæй, 17 Дрезденæй (2002) æмæ ноджы цалдæр — Магдебургæй (2008).

2021-æм азы декабры Дзæуджыхъæумæ æрбаластой ног вагон «Уралтрансмаш»-æй æмæ йæ фæлварын райдыдтой, 2022-æм азы æрбаласдзысты дыууиссæдз ног ахæм вагоны[4].

Фыранчы тыххæй тематикон трамвай
Немыцаг граффити Дзæуджыхъæуы трамвайы салоны

Маршруттæ

ивын
Маршрут
1 Дзæуджыхъæуы уынг — Чапаевы уынг
2 ОЗАТЭ — Тельманы уынг
4 Дзæуджыхъæуы уынг — Чапаевы уынг
5 Доны станцæ — Тельманы уынг
7 Къостайы проспект — Чапаевы уынг
8 Къостайы проспект — Чапаевы уынг
9 Доны станцæ — Тельманы уынг
10 ОЗАТЭ — Тельманы уынг

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Н. М. Семенов. Владикавказскому трамваю — 100 // Пантограф. 2005 г. №№ 1 (15), 4 (18)[1] Архивгонд æрцыдис 6 октябры 2012 азы.
  2. «3 августа открыто движение электрического трамвая во Владикавказе. Весь доход от продажи билетов, как в этот день, так и в следующий день, 4 августа, будет внесен в пользу чинов действующей армии и флота на Дальнем Востоке и их семейств». // Газет «Кавказ». 1904-æм азы 5 (18) августы [2]
  3. Тархов С.А., Институт географии РАН. Владикавказскому трамваю — 100 лет
  4. https://newstracker.ru/news/city/23-12-2021/novyy-tramvay-iz-vladikavkaza-otpravili-na-dorabotku