Дзæуджыхъæуы троллейбус

Дзæуджыхъæуы троллейбустроллейбусон транспорты системæ Дзæуджыхъæуы, куыста 1977-æм азæй 2010-æм азы онг.

Дыккаг маршруты троллейбус Тельманы уынджы
Дыккаг маршруты троллейбус Ватутины уынджы, центрон базармæ ’ввæхс

Истори ивын

1960-æм азты сахары администраци бауынаффæ кодта, автобусон æмæ трамвайон системæтæ сахары цæрджыты ласынæн кæй фаг не сты, уый. 1969 азы райдыдтой троллейбусон депо аразын Гастеллойы уынджы, гарзæгтæаразæг заводмæ ’ввахс[1].

Пъланмæ гæсгæ троллейбус хъуамæ скуыстаид 1975 азы, фæлæ системæйы объекттæ цæттæ уыдысты æрмæст 1976 азы, уыцы аз троллейбустæ дæр æрбарвыстæуыд. Троллейбусты шофыртæн практикæ уыди Астраханы. Фыццаг троллейбус уынгты рацыди 1976 азы 29 декабры[1]. 1977 азы 1 февралæй регулярон ранывæзтмæ гæсгæ цæуынц ныры онг[2].

Джызæлмæ дæр хъуамæ цыдаид Дзæуджыхъæуы троллейбус, фæлæ уыцы пълан нæ фæрæстмæ. Цы цæджындзтæ сæвæрдæуыд, уыдон 1999 азы ракъахтой æмæ арвыстой Цхинвалмæ — уым троллейбусон хыз ногæй скусын кæнын.

Кæддæры 6 маршрутæй Дзæуджыхъæуы баззадис æрмæст маршрут №2[2]. 2010-æм азы 9 августæй фæстæмæ уый дæр нал кусы.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Тархов С. А. Владикавказскому трамваю — 100 лет. // Вестник городского электрического транспорта России, № 4 (61). М., 2004.
  2. 2,0 2,1 Троллейбусные города России. Владикавказ