Дзалатæ (уырыс. Дзалаевы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Сæ мыггаджы хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Дзалаты мыггаг равзæрд Хетæджы къабазæй. Хетæгæн Гуыркъуымтыкомы райгуырд иунæг фырт Джеуæрджи (Георги). Уымæн уыд дыууæ фырты. Уыдонæй — Мамийы цотæй уыдысты Дзана æмæ Бырнац. Гоцъийы фырттæ та Дзидахан, Дзас æмæ Отар. Дзидаханæн уыд фондз фырты: Амран, Хоси, Дзапар, Геуæрги æмæ Дзала. Дзалайæн йæ ус уыд Ручъы комæй Плиты чызг. Дзалайæн Плиты чызгæй райгуырд æртæ фырты: Ахмæт, Тома, Хъайсын. Дзалайы фырты фырттæ (Ахмæт æмæ Томайы фырттæ) сæ мыггаг сæ фыды номæй ракодтой Дзалатæ. Дзалатæ цардысты Туалгомы Гуыркъуымты арф комы. Уырдыгæй сæ иутæ алыгъдысты Цъæймæ, стæй Цъæйæ та æрбафтыдысты Дыгургоммæ. Сæ иу æфсымæр æрцард Гæлиаты, иннæтæ Æхсæрысæры, Мустыздæхы æмæ æндæр рæтты.

Литературæ ивын