Дзаттиаты Тотырбег
Дзаттиаты Исмелы фырт Тотырбег (райгуырдис 1910-æм азы 28 декабры Дæллаг Сыбайы — амардис 1984-æм азы 7 июлы) у ирон фыссæг æмæ журналист.
Дзаттиаты Тотырбег | |
---|---|
Райгуырды датæ | 28 декабры 1910 (10 январы 1911) |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1984-æм азы 7 июлы (73 азы) |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Хорзæхтæ |
Цардафыст
ивынТотырбег райгуырдис 1910-æм азы Дæллаг Сыбайы. Йæ фыд Исмел мæгуыр, æнæзæхх хæххон лæг уыд.
1930-1931 азты куыста газет «Æрыгон большевикы», 1933-1934 азты та уыд Алагиры районон газет «Раздзог»-ы редактор, уый къухæй æрцыд арæзт Алагиры типограф дæр.
1934 азы балæууыд Мæскуыйы æмæ ссис «Правда»-йы номыл Æппæтцæдисон коммунистон институты студент. Уый каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта М. Горькийы номыл литературон институты.
1935 азы ссис фысджыты цæдисы уæнг.[1]