Дзомагъгом
Дзомагъгом (уырыс. Дзомагское ущелье) у ком Хуссар Ирыстоны. Ис Цъалагомы.
Æмарæн кæны Рукъгом, Урсдзуаргом, Чеселтгом æмæ Зруггомимæ. Комы сæйраг дон у Дзомагъдон, хауы Стыр Леуахимæ. Дзомагъгомы ма ис ахæм фæрсаг къаннæг кæмттæ: Сомихгом, Губаты ком, Дзæгъæлком, Дземцъынайы ком, Къæйты ком, Къахыры ком, Хæрæны ком, Хъæуы ком, Стыр ком, Магъы ком æмæ æндæртæ.
Æддаг æрмæг
ивын- Хуссар Ирыстоны республикон æхсæнадон-политикон газет «Хурзæрин». Дзомагъгом(æнæбаххæсгæ æрвитæн)