Дзыкка
Дзыкка у ирон хӕринаг.
Дзыкка у ирон хæринаг. Фæфыцынц æй урссагæй æмæ мæнæуы ссадæй, стæм хатт ма йæм æфтыд æрцæуы ирон цыхт дæр.
Дзыкка фыцыны хуызтæ цалдæр сты. Кæнынц ма йæ нæлхæйы бынтæй дæр: нæлхæ куы батайын кæнынц, йæ царв йын куы сисынц, уæд ма дзы цы бынтæ баззайы, уыдоныл ссад акæнынц æмæ йæ афтæмæй афыцынц.
Дзыкка фыццаджыдæр фенæн уыд Фæлвæрайы, ирон зæдты фæлмæндæр æмæ зæрдæхæлардæры номыл конд фынгыл.