Фæлвæраирон адæммæ фосы бардуаг. Йæ æхсæв йын бæрæг кæнынц Алардыйы бæрæгбоны фæстæ, дыццæджы.

Раджы заманы ацы бардуагмæ куывтой сæрмагондæй, кодтой йын кусарт. Кувинæгты ’хсæн ахъаззаг бынат ахста дзыкка.

Ирон зæдты ’хсæн Фæлвæра у æппæты зæрдæхæлардæр æмæ фæлмæндæр.

Фæлвæрайæн æрмæстдæр-иу цæст ис. Иу афон, дам, Фæлвæра æмæ Тутыр лæууыдысты, фæлмæн ныхæстæ кодтой. Æвиппайды йын Тутыр йæ галиу цæст акъахта.