Ирон хæринæгтæ

(Ирон хæринаг-æй æрвыст)

Ирон хæринæгтæ сты ирæтты традицион хæринæгтæ.

Кухнæйы бындур æвæры фых стуры дзидза, кæцы бадæттынц цæхдонимæ, нурыдзæхдонимæ. Дыккаг ирон хæринаджы ном хæссынц алыхуызон ирон чъиритæ.

Сæ зын географикон цæрæн бынаты тыххæй ирæттæ, уæлдайдæр хохы цæрджытæ, хæрд кодтой муыгргонд. Ахуыр уыдысты кæрдзыныл, кæцы иу цæл кодтой ирон бæгæныимæ, æхсыр, кæнæ хæхон донимæ. Уый йеддæмæ хор кодтой хомыс, быламыхъ, къæлуа. Ныр цæ нал цæдтæ кæнынц.

Ирон фынджы сæрмагонд хæринагтæ æсты чъиритæ. Сæ хуылф вæййы алыхуызон — картофæй, дзидзайæ, цыхтæй, цæхæрайы сыфтæй, къабускайæ, хъæдурæй, давонæй. Чъиритæ аразынц дрожжæй ссадæй. Æппæты хъуыст гонд чъири у фыдджын. Фыдджын у æнæмæнг хæринаг хонгæ бадтыты (сиахсы цыд, чындзæхсæв, гуырæнбон, куывд) зианы йеддæмæ.

Националон нуæзтыты æхсæн æппæты уарзондæр уыдысты ронг, бæгæны, арахъхъ, къуымæл.

Советон Цæдисы фæзынды фæстæ ирон кухнæ райста бирæ ивддзинæдтæ, йæхимæ айста уырыссаг æмæ европæйаг хæринæгты элементтæ.

Чъиритæ

ивын

Адджынтæ

ивын

Æндæр дзултæй хæринæгтæ

ивын
  • Сойы-фыхтæ — сойджын дзултæ сæ хуылфы лыстæг карст цыхт, æмæ хъæдындз.
  • Кæрдзынтæ — хæдзарон дзул (луаси).
  • Нартхорæй кæрдзынтæ — нартхоры ссадæй хъæбæргонд дзул.

Дзидзайæ хæрæнтæ

ивын
  • Лывзæ — бæзджын хъæрхуып стуры дзидза картоф, халсартæ цывзы, æмæ алыхуызон сыфæй бафтауæнтимæ;
  • Джыкк-лывзæ — дзидза пецы хуылф фыхт хъаймагъимæ (сметанæимæ);
  • Фых стуры дзидза — дзидза йæ бас, æмæ цæххимæ æмæ лавры сыфтимæ;
  • традиционон фых карк — карк афтид æнæ бафтауæнтæй;
  • Сурфых стуры дзидза (уырыссагау жаренная говядина) — хæдзарон пецы конд стуры дзидзайæ;
  • Физонæг — сурфыхæй хуыйы, кæнæ фысы дзидзайæ алыхуызон бафтауинæгтимæ;

Иннæ хæринæгтæ

ивын
  • Дзæрна — хæринаг фых хъæдур æмæ нартхоры гагатимæ;
  • Дзыкка — хæринаг (цыхтæй кас) фыхт ирон цыхт æмæ ссадæй;
  • Цыхтыдзыкка — хуымæтæг дзыккайы хуыз — ног ахст цыхтæй, нæлхæйæ, нартхоры ссадæй, цæххæй.
  • Уæлкъæйдзыкка — хæринаг нартхоры ссадæй, инджын цыхтæй, хъаймагъæй, æмæ цæххæй.
  • Дзæхæра — бæзджын хъæрхуып нартхоры ссадæй, лыстæг карст цæхæрайы сфытимæ, пысыраимæ, алыхуызон цъæх сыфтимæ, чиндзи, хъаймагъ æмæ 7 айкы, æмæ цæхх;
  • Сир — адджын кас царвæй, сæкæр кæнæ мыдимæ;
  • Цывзыдзæхдон — соус фых æмæ бацæдтæ цывзыйы цъæрдтæй, хъаймагъ кæнæ æхсыры сæртимæ,
  • Нурыдзæхдон — соус лыстæг карст нурыйæ хъаймагъимæ кæнæ æхсыры сæртимæ, æмæ цæххимæ,

Кавказаг хæринæгтæ

ивын
  • Гуырдзыйæ ирон адæм сæ хæрды пайда ма кæнынц кæдтæр иу хатт туаг (гуырдз. ტყემლის საწებელა) — æхсынцъыйы æрыстæй;
  • Уымæй æдтæма пайда кæнынц абхазаг-гуырдзиаг соус аджикæ (абх. аџьыка, гуырдз. აჯიკა) — судзаг æмæ ароматон бафтауинаг — пастæхуыз æмтъер (пастообразная масса) цывзыйæ æмæ цæххæй, нурыимæ. Ирон адæм та йæ аразынц пъамидортимæ.
  • Ирон адæмæ XX æнусы дыккаг хайы рæстæг фæзынд хæдзæрдты аразын гуырдзыйаг хæринаг «хинкъали» раздæр фæзынд Хуссар Иры æстæ Цæгаты.